Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Хъарӕг 4:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Хъӕддаг куыйтӕ дӕр ма сӕ къӕбысты ӕхсырӕй бафсадынц, — мӕ адӕмы Чызг гакк-гуккау куы сси ӕгъатыр!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Хъарӕг 4:3
14 Iomraidhean Croise  

Райсомӕй куы сыстадтӕн, уӕд, мӕ лӕппуйӕн бахӕрын кӕнон, зӕгъгӕ, ӕмӕ дын мард куы разынид. Дзӕбӕхдӕр ӕм куы ӕркастӕн, уӕд федтон, мӕн лӕппу нӕу».


Сӕ галуанты рӕйдзысты гиенӕтӕ, сӕ хиирхӕфсӕн бынӕтты ниудзысты хъӕддаг куыйтӕ.


Каконтӕ, сындзкъутӕр ӕмӕ ичъийы бын фӕуыдзысты сӕ галуантӕ, сӕ фидӕрттӕ. Фестдзысты мӕрдтыбирӕгъты цӕрӕнтӕ, страусты бадӕнтӕ.


Фӕлӕ Дунедарӕг загъта: «Мад йӕ дзидзидай хъӕбулы куыд хъуамӕ ферох кӕна, куыннӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕна, цы сабийы ныййардта, уымӕн? Чи зоны ӕмӕ уый ферох кӕна йӕ сабийы, фӕлӕ Ӕз нӕ ферох кӕндзынӕн сымах.


Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ бахӕрын кӕндзынӕн. Сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдон сыл куы ’рхъула кӕной ӕмӕ уынгӕджы ранмӕ куы бахауой, уӕд дзы алчидӕр йӕ сыхаджы буар хӕрынмӕ ӕрцӕудзӕн.


О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!


Фӕлмӕн ныййарджытӕ сӕ хъӕбулты фыцынц! Уӕ, ноггуырд сабитӕ куы систы хойраг! Уӕ, сӕфынц мӕ адӕм!


Уымӕ гӕсгӕ дӕ мидӕг фыдӕлтӕ хӕрдзысты сӕ фыртты, уыдон та — сӕ фыдӕлты. Ӕз дыл Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, чи ма дӕ аирвӕза, уыдоны та ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн.


Уӕ фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ ’рцӕудзыстут.


сты ӕнӕмбаргӕ, ӕнӕууӕнк, саузӕрдӕ, ӕгъатыр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan