Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Хъарӕг 4:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 О Сионы зынаргъ фырттӕ! Кӕддӕр куы уыдысты сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕмаргъ! Ныр сын ӕлыгӕй конд дурынтау, дурынгӕнӕджы мигӕнӕнтау, куынӕуал ис аргъ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Хъарӕг 4:2
12 Iomraidhean Croise  

Уӕ хъысмӕт уыдзӕн, ӕлыгӕй конд дурын ӕнауӕрдонӕй куыд ныппырх кӕнынц, уый хуызӕн — дурын базгъӕлӕнтӕ вӕййы, ӕмӕ дзы иу сӕстаг дӕр ахӕм нал баззайы, къонайы артӕй зынг цӕмӕй райсай, донуатӕй дон цӕмӕй сисай“».


Цы цот дын рацыд, уыдонӕй ничи ӕрлӕууыд дӕ фарсмӕ, ничи сӕ ныххӕцыд ӕнцойӕфсон дӕ къухыл.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацу ӕмӕ дурынгӕнӕгӕй иу ӕлыг дурын балхӕн. Демӕ адӕмы хистӕртӕй, стӕй хистӕр сауджынтӕй цалдӕры рахон


ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: дурынгӕнӕджы дурын куыд ныппырх ис ӕмӕ йӕ ӕрӕмбырдгӕнӕн куыннӕуал ис, афтӕ Ӕз ацы сахар ӕмӕ ацы адӕмы ныззыгуым кӕндзынӕн. Ӕмӕ Тофеты сӕ мӕрдтӕ ныгӕнынӕн бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн.


Ау, Йехониа ницӕйаг саст дурын, ӕнӕхъӕугӕ мигӕнӕнӕн у? Йӕ байзӕддӕгтимӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл уацайраг цӕмӕн сси?


Зӕрондӕй, сабийӕ, лӕзӕрынц рыджы фӕндӕгтыл. Уӕ, кардӕй мын куы ныццагътой мӕ чызджыты, мӕ лӕппуты! Дӕ азары бон се ’ппӕты дӕр фесӕфтай, ӕгъатырӕй сӕ аргӕвстай!


Фыдгултӕ нын ӕрцауыгътой нӕ фӕтӕгты, сӕгад сты нӕ хистӕртӕ!


Аныхъуырдтой Израилы, ӕмӕ ныр ӕндӕр адӕмты ’хсӕн израилӕгтӕ ӕнӕпайда мигӕнӕнау суыдзысты.


Иудӕ фестдзӕнис Ме ’рдын, Ефрем — Мӕ фат. Сион, дӕ фыртты дын грекъӕгты ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн, хӕстон хъама Мын фестдзынӕ.


Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.


Стыр хӕдзары та ис ӕрмӕст сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ, фӕлӕ, хъӕд ӕмӕ ӕлыгӕй конд чи у, ахӕмтӕ дӕр, зынаргъ мигӕнӕн дзы куыд ис, афтӕ дзы ис хуымӕтӕг дурын дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan