1 О, додой! Куыд ныссау ис сыгъдӕг сыгъзӕрин! Кувӕндоны зынаргъ дуртӕ алы тигътыл ныххӕлиу сты!
Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.
Уӕ сӕууон стъалы, мӕнӕ куыд расхъиудтай арвӕй! Дӕ къӕхты бын адӕмы ссӕстай, ныр дӕхӕдӕг ныцъцъӕл ӕмӕ ныммур дӕ зӕххыл!
Уый басудзын кодта Дунедарӕджы хӕдзар, паддзахы галуан ӕмӕ Йерусалимы хӕдзӕрттӕ — стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр саусыгъд бакодта.
Ӕрвылӕхсӕв-иу сыст ӕмӕ дзыназ, — уадз, Дунедарӕг фена, дӕ сау цӕссыг куыд згъалыс, куыд кӕуыс! Дӕ къухтӕ Йӕм лӕгъстӕгӕнгӕйӕ иваз дӕ сабиты сӕраппонд! Уӕ, алы тигътыл ӕххормагӕй куы мӕлынц!
«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм Мӕнӕн сыгъдонӕй уӕлдай нал сты. Се ’ппӕт дӕр, куынцгомы кӕй бавӕрдӕуыд, уыцы къала, ӕрхуы, ӕфсӕн ӕмӕ здыйы, ӕвзисты згъӕрсыгъдоны хуызӕн систы.
Уыдӕтты тыххӕй Ӕз Самарийы фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг быдыр, хӕлддзӕгты кӕритӕ, сӕндӕттӕ кӕм сараздзысты, ахӕм бынат; йӕ дуртӕ йын фехсдзынӕн дӕлвӕзмӕ, йӕ бындуртӕ йын разынын кӕндзынӕн.
Йесо сын загъта: «Уынут ацы бӕстыхӕйттӕ? Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн».
Йесо йын дзуапп радта: «Ацы стыр бӕстыхӕйттӕ уыныс? Уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн».