8 Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын: мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.
Фӕдисхъӕр бӕргӕ кӕнын, фӕлӕ дзуапп нӕй, бӕргӕ сидын ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сӕрыл ничи хӕцы.
О Хуыцау, дзыназын Дӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс, Дӕ разы лӕууын, фӕлӕ мӕм Ды кӕсгӕ дӕр нӕ кӕныс.
Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты, хоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм.
Сыкъауадындзӕй-иу ныууасут мӕйноджы ӕмӕ цӕлхыдзаг мӕйы бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы!
Дӕ маст ссыгъд, ӕмӕ нӕ сурыс, ӕгъатырӕй нӕ сафыс!
Ӕврӕгъты сӕрмӕ бамбӕхстӕ, нӕ нын хъусыс нӕ куывд!
О Дунедарӕг! Кӕдмӕ Дӕм сидон ӕз ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ фехъусай? Фӕдисхъӕр Дӕм кӕдмӕ кӕнон, тыхгӕнӕгӕй кӕд фервӕзын кӕндзынӕ?
Фараст сахатмӕ ӕввахс Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»
Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, алы агурӕг дӕр ссары ӕмӕ алы хойӕгӕн дӕр дуар байгом вӕййы.