7 Мӕ алыварс куы самадта быру, — нӕй рацӕуӕн, рӕхыстӕй мӕ куы сбаста!
Хуыцау мын сӕхгӕдта мӕ фӕндаг, ӕмӕ мӕ бон акъахдзӕф кӕнын нӕу, саудалынг мын бафтыдта мӕ фӕндагыл.
Цӕмӕн рардӕуы уыцы лӕгӕн цард, Хуыцау Йӕхӕдӕг йӕ развӕндаг цӕлхдуртӕй кӕмӕн ӕхгӕны?
Тасӕфтауӕг у Хуыцау Йӕ сыгъдӕджыты астӕу, Йӕ алыварс чи ис, ӕппӕт уыдонӕй тӕссагдӕр.
О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? О Дунедарӕг, чи у тыхджын Дӕуау? Дӕ алыварс — Дӕ иузӕрдиондзинад.
Йеремиайы ӕрцахстой. Паддзахы фырт Малкиайӕн хъахъхъӕнджыты кӕрты цы цъай уыди, уым ӕй ныппӕрстой. Йеремиайы цъайы ауагътой бӕндӕнтыл. Уыцы рӕстӕг цъайы дон нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр цъыф, ӕмӕ Йеремиа цъыфы аныгъуылди.
Фӕлӕ дӕ абон ӕз, дӕ къухтыл цы рӕхыстӕ ис, уыдонӕй суӕгъд кӕндзынӕн. Кӕд дӕ мемӕ Вавилонмӕ ацӕуын фӕнды, уӕд цом, мӕ бӕрны уыдзынӕ. Кӕд нӕ, уӕд та лӕуу; ӕппӕт бӕстӕ — дӕ разы, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу».
Мӕ тӕригъӕдтӕй сарӕзта ӕфсондз, — Йӕхи къухӕй йӕ сбыдта! Мӕ бӕрзӕйыл мын уӕз кӕны, ӕмӕ фӕкӕлын ӕз ӕдыхӕй. Кӕй къухтӕм радта Дунедарӕг мӕн, ӕз уыдонӕй куыд ратонон мӕхи?
Уӕ, дуртӕ мын куы самадта мӕ размӕ, ныссуйтӕ мын кодта мӕ фӕндӕгтӕ!
Хӕстӕг у не знаг, басаста нын нӕ хъару. О, сулӕфын куынӕуал у нӕ бон!
Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.
Йӕ развӕндаг ын Ӕз сындз къутӕр фестын кӕндзынӕн, йӕ алыварс ын самайдзынӕн быру, ӕмӕ йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн.