5 Куы ’ртыхст мӕ алыварс, уӕ, удхарӕй мӕ мары!
Хуыцау мын сӕхгӕдта мӕ фӕндаг, ӕмӕ мӕ бон акъахдзӕф кӕнын нӕу, саудалынг мын бафтыдта мӕ фӕндагыл.
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Маргджын дон ӕмӕ скъӕлдзойӕ сӕ бафсаддзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр фӕчъизи ис Йерусалимы пехуымпарты тыххӕй».
«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы адӕмӕн скъӕлдзо бахӕрын кӕндзынӕн, маргджын дон сын бадардзынӕн.
О, ӕркӕс мӕ саубонмӕ, куыд рафт-бафт кӕнын, уымӕ! Мӕ фӕндӕгтӕ ныссуйтӕ сты, ӕркӕс мӕм! Куы байдзаг дӕн скъӕлдзо ӕмӕ мастӕй!
Йерусалимыл ӕфсӕдтӕ ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, рӕхджы гӕныстон кӕй уыдзӕни, уый.