12 Нылвӕста Йе ’рдын, сарӕзта мӕ мил,
Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау.
Тӕригъӕды кӕд бацыдтӕн, уӕд дӕр Дӕуӕн цы ракодтон, о адӕмы Цӕстдарӕг? Цӕмӕн мӕ сӕвӕрдтай мысанӕн, мӕхицӕй дӕр куы стыхстӕн, уӕд?
Ӕз сфӕнд кодтон: мӕ цӕст дардзынӕн мӕ фӕндӕгтӕм, цӕмӕй ме ’взагӕй тӕригъӕд ма ракӕнон; мӕ дзыхыл цъутта сӕвӕрдзынӕн, цалынмӕ ӕнӕхуыцау мӕ разы уа, уӕдмӕ.
Йӕ фат нылвӕста Дунедарӕг знагау ӕмӕ Йӕ кардӕй бабын кодта ӕппӕт дӕр, — цыдӕриддӕр у цӕстытӕн ӕхцон! Сионы Чызджы хӕдзӕрттыл йӕ маст ныккалдта пиллон артау!