1 Уӕ, додойаг куыд фӕдӕн! Йӕ мастисӕн лӕдзӕгӕй мӕ фӕсырдта Дунедарӕг!
Батӕригъӕд мын кӕнут, мӕ хӕлӕрттӕ, — Хуыцауы азар мӕ баййӕфта!
Арв зӕххӕй цас бӕрзонддӕр у, уыйас ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонмӕ.
Уыйадыл фесты Йессейы фырт Давиды куывдтытӕ.
Дунедарӕгимӕ кӕй абарӕн ис уӕлӕрвты? Хуыцауы фыртты ’хсӕн Дунедарӕджы хуызӕн чи у?
Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.
Йеремиайы ӕрцахстой. Паддзахы фырт Малкиайӕн хъахъхъӕнджыты кӕрты цы цъай уыди, уым ӕй ныппӕрстой. Йеремиайы цъайы ауагътой бӕндӕнтыл. Уыцы рӕстӕг цъайы дон нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр цъыф, ӕмӕ Йеремиа цъыфы аныгъуылди.
нӕлгоймагӕй, сылгоймӕгӕй, сывӕллонӕй, стӕй паддзахы чызджыты — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиаимӕ кӕй ныууагъта, уыдоны се ’ппӕты дӕр, пехуымпар Йеремиа ӕмӕ Нериайы фырт Барухы.
«Хъӕрзын мӕ адӕмы цӕфтӕй! Саудалынг мыл ӕртыхсти, стыр тас мыл бахӕцыд.