3 Уӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ, Израилӕн йӕ хъару басаста! Уӕ, нал ӕй хъахъхъӕны фыдгултӕй! Ӕхсидгӕ артау бандзӕрста Йаковыл, ӕнӕхъӕн бӕстӕ саусыгъд бакодта.
Мӕн кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй сыл Мӕ масты цӕхӕр ныккӕлдзӕн ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн!“
Мӕ буар сӕхъис дарӕсӕй ӕрбамбӕрзтон, мӕ кад фӕнычы баныгӕдтон.
Хуыцау зӕгъы: «Ӕнӕхуыцӕуттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сыкъатӕ ныссӕтдзынӕн, рӕстгӕнджытӕн сӕ кад уыдзӕни бӕрзонд!»
Ды, Хуыцау, тӕрхон кӕнын куы райдыдтай ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы сӕрыл куы рахӕцыдтӕ, уӕд.
Дӕ тӕмӕнӕй ныррухс вӕййы дуне, Ды кадджындӕр — сырдарӕх хӕхтӕй.
О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ адӕмы куывдтытӕм кӕдмӕ мӕсты кӕндзынӕ?
Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.
Уӕд уыл Йӕ маст акалдта, ӕвирхъау хӕсты амӕттаг уӕ бакодта. Йӕ судзгӕ-уыраугӕ арт уыл алырдыгӕй ӕртыхсти, ӕмӕ йӕ нӕ фиппайдтат, арыдта уӕ, ӕмӕ йӕ нӕ хатыдыстут.
Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».
Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Дунедарӕджы сӕраппонд уӕхицӕн сунӕт скӕнут! Уӕ зӕрдӕтӕн скӕнут сунӕт, цӕмӕй уӕ фыдракӕндты аххосӕй Мӕ маст ма ссудза артау, ӕнӕахуысгӕ зынгирвӕзтау.
«Йӕ сыкъа акъуырдтой Моавӕн, йӕ къух ныссасти, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»
Уӕларвӕй мыл ӕруагъта арт. Уӕ, судзы мӕ! Мӕ размӕ мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдта. Уӕ, лидзӕг мӕ фӕкодта! Уӕ, мӕнӕ фыр тӕссӕй куы бандзыг дӕн, куы кӕлы алы бон мӕ туг!
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд! Сионы ссыгъта арт, ныккалдта йыл Йӕ азар! Уӕ, саусыгъд ӕй куы бакодта!
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕ фыр мӕстӕй уыл ныххуырсдзынӕн уаддым, тыгъдызӕй ӕмӕ их дуртӕ, ӕмӕ уӕ бабын кӕндзынӕн.
Сыкъауадындзӕй ныууасдзысты ӕмӕ, хӕстӕввонгӕй куы ӕрлӕууой, уӕд дӕр хӕстмӕ ничи рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ фыдӕхы хай фӕуыдзысты.
Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!
Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.
Йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддагӕй нын радта хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕджы,
Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу бафснайдзӕни Йӕ хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕхуысгӕ арты».
Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы, ӕмӕ йӕ пиллон арт мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныхъуыры, хохрӕбынтӕ арауы.