10 Сионы хистӕртӕ ӕмырӕй зӕххыл бадынц, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой, сӕ уӕлӕ скодтой сӕхъис; Йерусалимы чызджытӕ ныддӕлгом сты зӕххыл.
Тамар йӕ сӕрыл фӕнык байзӕрста, йӕ хуызджын дарӕс ӕрыскъуыдтӕ кодта ӕмӕ, йӕ къухтӕй йӕ сӕрыл хӕцгӕ, хъӕрӕй дзынӕзта, афтӕмӕй цыди.
Уынгты хилынц сӕхъис пӕлӕзты, уӕлхӕдзӕрттӕ ӕмӕ фӕзтӕй се ’рдиаг хъуысы, цыхцырӕй кӕлы сӕ цӕссыг.
Кардылӕфтыд фӕуыдзысты хӕсты быдыры дӕ лӕппутӕ, де ’хсарджынтӕ.
Паддзах Езекиамӕ скъуыдтӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны бӕрнон, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — азфыссӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.
Дӕ паддзахы бадӕнӕй ӕрхиз, ӕнӕрцӕф ӕхсин Вавилон, ӕмӕ рыджы сбад зӕххыл, Халдейы чызг. Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты тӕнтъихӕг ӕмӕ буцхаст.
«Ӕнӕ хъыпп-сыппӕй бад, Халдейы чызг, аууонмӕ айс дӕхи. Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты паддзахӕдты ӕхсин.
«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.
О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!
Хъынцъым куы кӕнынц фӕндӕгтӕ Сионы, — бӕрӕгбонарӕзт иунӕг дӕр куынӕуал у. Уӕ, сафтид сты сахарӕн йӕ кулдуӕрттӕ, хъӕрзынц йӕ сауджынтӕ, хъӕр кӕнынц фыр рыстӕй йӕ чызджытӕ! О, додойаг куы фӕци!
Ӕдзӕмӕй бады иунӕгӕй: йӕ уаргъ ыл Дунедарӕг сӕвӕрдта.
Дунедарӕг сӕ Йӕхӕдӕг фӕсырдта, нал сӕм ракӕсдзӕн!» Ныр сӕлгъаг сты сауджынтӕ, хатыр нӕй зӕрӕдтӕн!
Йӕхи-иу куывдты чи ирхӕфста, уый ныр уынджы аззад, алцӕмӕй — ӕнӕ хай. Зынаргъ дарӕсты чи схъомыл ис, уый дӕр ныр бырӕттыл куы зилы!
Фыдгултӕ нын ӕрцауыгътой нӕ фӕтӕгты, сӕгад сты нӕ хистӕртӕ!
Кулдуары раз нал бадынц нӕ зӕрӕдтӕ, нӕ зарынц лӕппутӕ!
Дзагхъӕлӕсӕй дыл ныккӕудзысты ӕмӕ хъарӕг кӕндзысты; сӕ сӕртыл рыг байзӕрдзысты ӕмӕ сӕхи рыджы ӕвдулдзысты.
Сау дыл дардзысты: адасдзысты сӕ сӕртӕ, сӕхъистӕ скӕндзысты сӕ уӕлӕ, хъыггӕнгӕ дыл зӕрдӕрхалӕн хъарӕг сисдзысты.
Уӕд сӕ астӕутыл ӕрбатухдзысты сӕхъис, ӕмӕ сыл ризӕг бахӕцдзӕн. Се ’ппӕтӕн дӕр фыр ӕфсӕрмӕй судздзӕни сӕ цӕсгом, сӕ сӕртӕ дӕр уыдзысты даст.
Ӕрыгон чындзау дӕ уӕлӕ скӕн сӕхъис ӕмӕ дзыназ, ӕвзонгӕй дын цы мой уыд, ууыл!
Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.
Уыцы бон рӕсугъд чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ, дойныйӕ мӕлгӕйӕ, зӕхмӕ хаудзысты ӕнӕбонӕй.
Уыцы бон галуантӕй зарджыты бӕсты райхъуысдзӕни кӕуын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Зӕхх мӕрдтӕй байдзаг уыдзӕн. Алы ран дӕр — мӕрдтӕ, мӕрдтӕ! Сабыр!»
Хабар Ниневийы паддзахмӕ байхъуысти, уый сыстад йӕ къӕлӕтджынӕй, йӕ дарӕс раласта, сӕхъис скодта йӕ уӕлӕ ӕмӕ фӕнычы сбадти.
Йешуа йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ афтӕмӕй баззади суанг изӕрмӕ. Израилы хистӕртӕ дӕр ӕй бафӕзмыдтой, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой.
Сӕ сӕртыл зӕрынц рыг, хъӕр кӕнынц, кӕуынц ӕмӕ дзыназынц: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, денджызы наутӕ кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр кӕй исбонӕй схъӕздыг сты, уыцы стыр сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ бацарӕфтыд дӕ!»