8 Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —
Уыйадыл сӕ дыууӕ дӕр ракастысты сӕ цӕстӕй, бӕгънӕг кӕй сты, уый федтой, ӕмӕ легъуи бӕласы сыфтӕй сӕхицӕн синӕмбӕрзӕнтӕ скодтой.
Фӕлӕ Мыл, мыййаг, дӕ фырттимӕ уӕхи бынты-быны тигъ куы акӕнат ӕмӕ уын, цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радтон, уыдон куы не ’ххӕст кӕнат, фӕлӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувын ӕмӕ сын лӕггад кӕнын куы райдайат,
уӕд Израилы адӕмы рамӕрздзынӕн, цы зӕхх сын радтон, уымӕй, Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр, ӕмӕ Израилы адӕмыл худдзысты ӕмӕ сын фидис кӕндзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты, сӕ фыдӕлты сын Мысырӕй чи ракодта, уыцы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл кӕй фӕцайдагъ сты ӕмӕ сын лӕггад кӕй кӕнынц, уый тыххӕй сыл ныххуырста Дунедарӕг ацы бӕллӕх».
Уадз ӕмӕ дӕ буар разына, ӕмӕ дын дӕ худинаг уыной. Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн, никӕуыл бацауӕрддзынӕн».
хинымӕр фӕрсдзынӕ, ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн ӕвзарын, зӕгъгӕ. Ӕнӕнымӕц тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, ӕмӕ дын ныр сфӕлдӕхтой дӕ фӕччи, фӕхынджылӕг дӕ кодтой.
Дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгоммӕ сфӕлдахдзынӕн, цӕмӕй фӕхудинаг уай!
Иудейы паддзах, Езекиайы фырт Менассиа, Йерусалимы цытӕ фӕкодта, уыдӕтты тыххӕй сӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн Ӕз ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн».
Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ’лгъитдзысты.
Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де ’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ ныхасмӕ Мын кӕй нӕ байхъуыстат ӕмӕ уе ’фсымӕрты, уӕ хиуӕтты кӕй не ссӕрибар кодтат, уый тыххӕй уын Ӕз ныр лӕвар кӕнын сӕрибар, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕрибарӕй кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлыны фадат. Ӕз сымахӕй ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн!
Ӕз хъусын хъӕр — Сионы чызг арӕг сылгоймагау хъӕрзы; фыццаг хатт чи ары, уыйау йӕ къухтӕ ивазы: «О, додойаг фӕдӕн! Лӕгмарты раз ӕдых дӕн!»
Уыдон иууылдӕр хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, кӕрӕдзиуыл цъыфкалӕн кӕнынц ӕмӕ уый фӕрцы цӕрынц. Ӕрхуы ӕмӕ ’фсӕйнагӕй уӕлдай не сты, иууылдӕр схъахбай сты.
Хъӕрзынц йӕ адӕм, агурынц къӕбӕр. Сӕ хӕзнатӕ хӕринагыл куы ивынц, цӕмӕй мӕлӕтӕй фервӕзой! О Дунедарӕг! Ӕркӕс-ма мын мӕ худинагмӕ!
Сион ӕххуысмӕ сиды, фӕлӕ йын баххуысгӕнӕг нӕй! Уӕ, Дунедарӕг бардзырд радта, — Йаковыл ӕрхъула кодтой знӕгтӕ! Йерусалим ныр се ’хсӕн куы сси ӕлгъаг!
Сионы хистӕртӕ ӕмырӕй зӕххыл бадынц, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой, сӕ уӕлӕ скодтой сӕхъис; Йерусалимы чызджытӕ ныддӕлгом сты зӕххыл.
Цин кӕн, Едомы чызг, Уцы бӕстӕйы цӕрӕг! Фӕлӕ ды дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзынӕ! Ныррасыг уыдзынӕ, дӕ худинаг раргом кӕндзынӕ!
Ӕгъатырӕй дӕ бафхӕрдзысты, байсдзысты дын де ’ппӕт фӕллӕйттӕ ӕмӕ дӕ ныууадздзысты мадард бӕгънӕгӕй. Уӕд раргом уыдзысты дӕ худинаг, де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Адӕмы ’хсӕнмӕ сӕ ракӕнут, ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕуӕнт, бастигъӕнт сӕ.
Иннӕ адӕмтӕ та базондзысты, Израилы адӕм сӕ тӕригъӕдты аххосӕй хасты кӕй уыдысты, уый. Гадзрахатӕй Мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ Ме ’ргом аздӕхтон, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ радтон ӕмӕ се ’ппӕт дӕр карды амӕттаг баисты.
Ӕз ын ныр йӕ худинаг йӕ хӕзгулты раз раргом кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын ӕй Мӕ къухӕй ничиуал байсдзӕн.
Науӕд ӕй Ӕз, йӕ райгуырды бон куыд уыди, афтӕ мадард бӕгънӕг скӕндзынӕн ӕмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, доны ’ртах ӕм нал ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дойныйӕ мӕлдзӕни.
Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!