7 Ӕрымысыд йӕ хъизӕмӕртты заман Йерусалим йӕ раздӕры хӕзнатӕ. Ныр саст ӕрцыд, ӕххуысгӕнӕг нӕ зыны, кӕсынц ӕм знӕгтӕ ӕмӕ худынц, кӕй фесӕфти йӕ хъару, ууыл.
«Тӕхуды ӕмӕ кӕддӕры замантӕ фӕстӕмӕ раздахӕн куы уаид — Хуыцау мыл Йӕ арм куы дардта, Йӕ цырагъ мӕ сӕрмӕ куы сыгъди, тары мын куы рухс кодта мӕ развӕд!
Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ, Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ, стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй, о Хуыцау, мӕ Хуыцау!
Цы фехъуыстам ӕмӕ цы базыдтам, фыдӕлтӕ нын кӕй радзырдтой,
О Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых, Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕздзыстӕм.
Дӕ уаз сахартӕ федзӕрӕг сты. Федзӕрӕг ис Сион, гӕныстон фестад Йерусалим.
Нӕ фыдӕлтӕ Дын кад кӕм кодтой, уыцы Кувӕндон арты хай баци, йӕ хӕзнатӕ стигъджыты баисты.
Израилыл-иу нӕ худтӕ, раст цыма йӕ давджытимӕ ’рцахстой, уыйау? Йӕ кой дӕр ын ӕлгъгӕнгӕ кодтай».
Уӕ, махӕн та куы сурс сты нӕ цӕстытӕ, ӕххуысыл дзӕгъӕлы нӕ зӕрдӕ дардтам! Нӕ фӕлгӕсӕн мӕсгуытӕй адӕммӕ ’нхъӕлмӕ кастыстӕм, — о, уыдон мах нӕ фервӕзын кӕндзысты!
Аммонӕгты фӕдонтӕн зӕгъ: „Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ! Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи ис, Израилы зӕхх кӕй ныггӕныстон ӕмӕ иудейӕгтӕ хаст кӕй ӕрцыдысты, уыдӕттыл уӕхи худӕгӕй кӕй хӕссут,
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Израилы зӕххыл ӕлгъгӕнгӕйӕ, цинӕй кӕй радыстут, уӕ къухтӕй къӕрццӕмдзӕгъд кӕй кодтат ӕмӕ уӕ къӕхтӕй зӕхх кӕй хостат,
Йӕ хӕзгулты фӕдыл азгъордзӕн, фӕлӕ сӕ нал аййафдзӕн, агурдзӕн сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕни: «Цӕуон, мӕ фыццаг лӕгмӕ раздӕхон — уӕд мӕ цард абонӕй хуыздӕр уыд».
Ӕнӕнымӕц адӕмтӕ сыстадысты дӕ ныхмӕ ӕмӕ дзурынц: «Уадз ӕмӕ фӕчъизи уа Сион, йӕ худинаг ын фенӕм!»
Йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: „Мӕ фыдмӕ цас ӕххуырстытӕ ис, ӕмӕ хойрагӕй сӕ уӕлдай ныууадзынц, ӕз та ам стонгӕй мӕлын!
Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ удӕгасӕй царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс.