Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Хъарӕг 1:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Сионы чызгӕн фесӕфти йӕ фидауц, йӕ уӕздӕттӕ сдзӕгъӕл сты сагтау, ӕмӕ сӕхицӕн хизӕнуат нӕ арынц; сӕ хъару басаст, фӕлӕ лидзынц. О, додой, баййӕфта сӕ цуанон!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Хъарӕг 1:6
31 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ цы зӕгъы Дунедарӕг уый тыххӕй: «Ӕлгъ дыл кӕны, худы дыл Сионы чызг. Йӕ сӕр банкъусы Йерусалимы чызг, дӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ.


сахар ист ӕрцыд. Иудейаг паддзах Цедекиа ӕхсӕвы тары йӕ хӕстон адӕмимӕ лидзӕг фӕци, ӕмӕ, паддзахы дыргъдоны кӕрон сахары дыууӕ сисы астӕу цы кулдуар уыди, ууылты Иорданы дӕлвӕзмӕ раирвӕзтысты. Ныр халдейӕгты ӕфсад та лӕууыди сахары алыварс.


Иудейаг паддзахы бафиппайдтой ӕмӕ йӕ фӕсте асырдтой, баййӕфтой йӕ Йерихоны дӕлвӕзы. Йӕ хӕстонтӕ йӕ ныууагътой ӕмӕ фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты.


Давид ӕмӕ Вирсавийы ӕрӕмуаты фӕстӕ Давидмӕ пехуымпар Натан куы бацыди, уӕд.


Уымӕн ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, ӕгас зӕххӕй бӕрзонддӕр, ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр дӕ!


Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ.


Паддзах ӕмӕ йӕ мадӕн зӕгъ: «Сӕрныллӕгӕй ӕрбадут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕ кады худтӕ ӕрхаудысты».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы ӕппӕт хаст адӕмӕн, Ӕз Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй фӕсырдтон, уыдонӕн:


Йӕ сахартӕ йын бацахсдзысты, йӕ фидӕрттӕ йын басӕтдзысты. Уыцы бон моаваг гуыппырсартӕ фыр тӕссӕй арӕг устытау нырриздзысты.


Уый фӕстӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахта ӕмӕ йӕ хъадаманты акодта Вавилонмӕ. Суанг ӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ ахӕстоны фӕдардта.


Уый басудзын кодта Дунедарӕджы хӕдзар, паддзахы галуан ӕмӕ Йерусалимы хӕдзӕрттӕ — стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр саусыгъд бакодта.


цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“.


Ноджы ма мын Дунедарӕг загъта: «Адӕймаджы фырт! Сӕ хъару, сӕ цин ӕмӕ сӕ кад, сӕ цӕстырухс ӕмӕ сӕ удлӕууӕн, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты сын цы бон байсон,


Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.


Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan