Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Хъарӕг 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фӕуӕлахиз ыл йе знаг, сӕ цины хъӕр фыдгултӕн хъуысы, — о, Дунедарӕг бафхӕрдта Йӕ сахар; йӕ тӕригъӕдтӕ хъизӕмарӕй фиды! Йӕ сабиты йын уацары фӕкӕнынц, тӕрынц сӕ се знӕгтӕ сӕ разӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Хъарӕг 1:5
38 Iomraidhean Croise  

Уый уымӕн, ӕмӕ, сӕ фыдӕлтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ Мӕ цӕсты раз ӕнаккаг митӕ кӕнынц».


Йосефы байзӕддагӕн ӕй бафӕдзӕхста, Мысыры зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд. Уым фыццаг хатт, кӕй нӕ зыдтой, уыцы хъӕлӕс фехъуыстой:


Уый у Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, бон Цӕстылуайӕнты Дӕлвӕзы. Уый у сахары систӕ дӕрӕнгӕнӕн бон ӕмӕ хӕхтӕм ӕххуысмӕ дзыназыны бон.


Ацы зӕхх бирӕ рӕстӕг нӕ уыди Дӕ адӕмы исбон, уымӕн ӕмӕ Дын фыдгултӕ фӕчъизи кодтой Дӕ Кувӕндон.


Мӕ цатыр — афтид, йӕ бӕндӕнтӕ иууылдӕр — скъуыд, мӕ фырттӕ мӕ ныууагътой, фӕцыдӕр сты. Ныр мын мӕ цатыр чи айтындздзӕн, чи йын ӕрцауындздзӕни йе ’мбӕрзӕнтӕ?


Ӕз ныууагътон Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ исбон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр Мын цы у, уый знӕгты къухтӕм радтон.


Ӕз уынын: Йерусалимы пехуымпартӕ дӕр ӕлгъаг митӕ кӕнынц: хӕтынц, сӕ хъуыддӕгты рӕстдзинад нӕй. Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдракӕндтӕ ма ныууадза. Мӕ разы иууылдӕр Содомы хуызӕн систы, Йерусалимы цӕрджытӕ — Гоморрӕ».


Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.


Ау, ахӕм адӕмӕй Ӕз Мӕ маст нӕ райсдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг.


О, уый тыххӕй куы кӕуын ӕз, мӕ цӕссыг цӕстытӕй куы ранхъӕвзы! Мӕ Сабыргӕнӕг, мӕлӕтӕй Ирвӕзынгӕнӕг, о, дард куы у мӕнӕй! Фӕуӕлахиз мыл, басаста мӕ ме знаг, мӕ хъӕбултӕ, мӕ сабитӕ куы сӕфынц!


О, Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхон раст у, — нӕ Йӕм хъуыстон! О, байхъусут-ма, адӕмтӕ! Мӕ хъизӕмармӕ мын ӕрбакӕсут: мӕ чызджытӕ, мӕ лӕппутӕ, уӕ, уацары куы фӕцӕуынц!


Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —


Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ фӕндон, рагзаманы цы загъта, уый ӕрцыди, — ӕгъатырӕй дӕ ныр дӕрӕн кӕны, фыдгултӕн дӕ хынджылӕггаг скодта. О, радта сын уӕлахиз!


ныххӕлиу кодтой не знӕгтӕ сӕ дзыхтӕ, цӕмӕй нӕ аскъуыдтӕ кӕной!


Уымӕ гӕсгӕ сын Мӕ цӕст нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕни ӕмӕ сын нӕ ныббардзынӕн. Сӕ хъуыддӕгтӕ сын сӕхи ныхмӕ фӕкӕндзынӕн».


Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.


Уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ схъахбай уыдзыстут ӕмӕ уӕ цы фӕндагыл бафтыдтон, уымӕй азилдзыстут. Сомбон уыл фыдбылызтӕ ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон митыл бафтдзыстут ӕмӕ Йӕ уӕ хъуыддӕгтӕй смӕсты кӕндзыстут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan