Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Хъарӕг 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Хъынцъым куы кӕнынц фӕндӕгтӕ Сионы, — бӕрӕгбонарӕзт иунӕг дӕр куынӕуал у. Уӕ, сафтид сты сахарӕн йӕ кулдуӕрттӕ, хъӕрзынц йӕ сауджынтӕ, хъӕр кӕнынц фыр рыстӕй йӕ чызджытӕ! О, додойаг куы фӕци!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Хъарӕг 1:4
19 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ айхъуысти уац, цӕгатаг зӕххӕй ӕвирхъау уынӕр хъуысы! Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат.


Кӕуы Иудей, йӕ кулдуӕрттӕ фӕлмӕцынц, ныссау сты, лӕзӕрынц зӕххыл; Йерусалимӕй хъарӕг хъуысы.


«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн».


Мӕ хъӕрзын хъуысы ме знӕгтӕм дӕр, хъуысы, нӕй сабыргӕнӕг, знӕгтӕ цин кӕнынц, цы мын бакуыстай, ууыл! Дӕ тӕрхоны бон ралӕууӕд! Мӕ фыдгултӕ мӕ фӕндӕгтыл фӕцӕуӕнт!


Нӕ тырынтӕ куыройы фыдтӕ зилынц, фӕкӕлынц сугты бын нӕ лӕппутӕ!


Кулдуары раз нал бадынц нӕ зӕрӕдтӕ, нӕ зарынц лӕппутӕ!


Баалы гуымирытӕн буд кӕй сыгъта, уый тыххӕй йӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн. Йӕхи-иу хъусцӕджытӕ ӕмӕ фӕрдгуытӕй сфӕлыста, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕзгулты фӕдыл зылди, Мӕн та-иу рохуаты ныууагъта, — зӕгъы Дунедарӕг.


Хъӕддаг сырдты уыл бафтаудзынӕн, ӕмӕ уӕ ӕнӕ цотӕй ныууадздзысты, уӕ фос уын ныццӕгъддзысты. Афтӕ уӕ скуынӕг кӕндзысты, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтыл цӕуӕг нал уыдзӕн.


Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan