Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Хъарӕг 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Хъӕрзынц йӕ адӕм, агурынц къӕбӕр. Сӕ хӕзнатӕ хӕринагыл куы ивынц, цӕмӕй мӕлӕтӕй фервӕзой! О Дунедарӕг! Ӕркӕс-ма мын мӕ худинагмӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Хъарӕг 1:11
20 Iomraidhean Croise  

Уӕд Самарийы скодта ӕвирхъау стонг заман. Суанг ма хӕрӕджы сӕр дӕр уӕй кодтой ӕвзисты цыппарыссӕдз шекелӕй, бӕлоны бӕркъайы кавӕн та йӕ цыппӕрӕм хай — ӕвзисты фондз шекелӕй.


Ӕви дӕумӕ дӕр Хуыцауы хъомыс ис, дӕуӕн дӕр Уыйау дӕ хъӕлӕс арвгӕрӕтты уырауы?


О Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых, Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕздзыстӕм.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куы ӕрфӕсмон кӕнай, уӕд дӕ фӕстӕмӕ дӕ къӕхтыл слӕууын кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын лӕггад кӕндзынӕ. Дӕ дзӕгъӕлдзырд куы ныууадзай ӕмӕ ахсджиаг ныхӕстӕ куы дзурай, уӕд Ме ’взагау суыдзынӕ. Адӕм дӕ сӕхӕдӕг агурдзысты, фӕлӕ-иу сӕм ды ма раздӕх.


Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ бахӕрын кӕндзынӕн. Сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдон сыл куы ’рхъула кӕной ӕмӕ уынгӕджы ранмӕ куы бахауой, уӕд дзы алчидӕр йӕ сыхаджы буар хӕрынмӕ ӕрцӕудзӕн.


«Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ацы адӕм пехуымпар Йеремиайӕн цы бакодтой, уый стыр фыдракӕнд у! Цъайы йӕ ныппӕрстой, ӕмӕ уым сыдӕй амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ сахары дзул нал ис».


Цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон сахары цӕрджытӕ сыдӕй мардысты, адӕммӕ, цы бахӕрой, уый нал уыди.


Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —


фӕчъизи ис йӕ фӕччи! Нӕ хъуыды кодта фидӕныл, ӕмӕ ӕвиппайды фӕкалди, — йӕ разы сабыргӕнӕг нӕй! О Дунедарӕг! ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ фыдгултӕн сӕ цины хъӕртӕ хъуысынц!


Тыхсы мӕ уд, о, бакуырм дӕн фыр куыдӕй! Мӕ зӕрдӕ скъуыны, уӕ, мӕ адӕм сӕфынц! Чысыл сабитӕ сахары уынгты сыдӕй мӕлынц!


Сӕ мадӕлтӕй куы курынц дон, къӕбӕр, уӕ, уынгты ӕрдӕгмӕрдтау куы лӕзӕрынц! Сӕ удтӕ сисынц мадӕлты хъӕбысы!


О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!


О Дунедарӕг! Ӕрымыс нӕ, ӕркӕс нӕм, нӕ худинаг нын фен!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan