1 О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!
Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг паддзахӕдтӕ иууылдӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. Фыстой йын хъалон, лӕггад ын кодтой цард-цӕрӕнбонты.
Фараон Нехо йӕ Ривлайы сахары, Хаматы зӕххыл, уацары райста, ӕмӕ ууыл йӕ паддзахиуӕг ахицӕн Йерусалимы. Нехо Иудейӕ ӕрдомдта ивар: ӕвзисты сӕдӕ таланты ӕмӕ сыгъзӕрины иу талант.
Иоаким йӕ бӕстӕйы адӕмӕй алкӕмӕй дӕр, йӕ исбон кӕмӕн куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ фараонӕн ӕмбырд кодта хъалон, уый йӕхӕдӕг цас домдта, уый бӕрц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй.
Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг цы паддзӕхтӕ уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдысты Соломоны дӕлбар.
Йерусалимы уыдис, доны фале ӕгасӕй дӕр кӕй къухы уыди, хъалонтӕ, фиддонтӕ ӕмӕ илци фыст кӕмӕн цыдис, ахӕм домбай паддзӕхтӕ.
Аннӕтӕ та дзырдтой, мах, дам, нӕ хуымтӕ ӕмӕ нӕ сӕндӕттӕ цъынды раттӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвзист ӕфстау райсӕм, цӕмӕй паддзахы хъалон бафидӕм.
Йӕ бирӕ бӕркад, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй нӕ Ды кӕй дӕлбар бакодтай, уыцы паддзӕхтӕм ӕрхауы. Нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ фосыл дӕр сӕ бар цӕуы. Цы сӕ фӕнды, уый кӕнынц, уынгӕджы бон ныл акодта.
нӕ уд йӕ хъуырмӕ у хъалты хынджылӕг, ӕнӕввӕрсонты фидистӕй.
Уӕ сӕууон стъалы, мӕнӕ куыд расхъиудтай арвӕй! Дӕ къӕхты бын адӕмы ссӕстай, ныр дӕхӕдӕг ныцъцъӕл ӕмӕ ныммур дӕ зӕххыл!
Цы схъомпал дӕ, сахар, дӕ хъӕлӕба, дӕ цины уынӕр куы хъуысы! Дӕ адӕмӕй чи фӕмард ис, уыдон кардылӕфтыд нӕ фесты, тохы быдыры нӕ байсӕфтой сӕ сӕртӕ.
Ды дӕхинымӕр дзурдзынӕ, адоны мын чи ныййардта, мӕ цот куы бабын сты, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг куы уыдтӕн, зӕгъгӕ. Мӕн уацары куы акодтой, уӕд адоны чи схаста? Ӕз зыбыты иунӕг куы уыдтӕн, уӕд адон кӕцӕй фесты?»
Мӕ хъустӕ мын байгом кодта, ӕмӕ Йӕм байхъуыстон, мӕхи нӕ фӕтылиф кодтон.
Дӕ рыгтӕ ’рцӕгъд ӕмӕ дӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕц, Йерусалим! Дӕ рӕхыстӕ де уӕнгтӕй раппар, Сионы уацайраг чызг!
Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац, цины уац ӕмӕ сӕрибары уац чи хӕссы, уымӕн! Сионӕн зӕгъы: «Дӕ Хуыцау дӕ Паддзах у!»
Ма тӕрс! Нырӕй фӕстӕмӕ нал хӕсдзынӕ ӕгады ном. Мацӕмӕйуал ӕфсӕрмы кӕн! Нал дыл сбаддзӕни фидиссаджы ном. Де ’взонджы худинаг дӕ ферох уыдзӕни, дӕ идӕдзы бонты фидистӕ дӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрӕфтдзысты.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Хъӕлдзӕгӕй зарут Йаковыл, адӕмты сӕргъы чи лӕууы, уый хъӕрӕй сыстаут ӕмӕ дзурут: «О Дунедарӕг! Фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты!»
Цӕмӕй сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ адӕмы дӕр басабыр кӕна, уый тыххӕй Ахикамы фырт Гедалиа, Шафаны фырты фырт, расомы кодта: «Халдейӕгты барджын хицӕуттӕй ма тӕрсут, ӕрцӕрут ацы бӕстӕйы. Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уын хорз уыдзӕни.
пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: сымах федтат, Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕй алкӕмӕн дӕр цы бӕллӕхтӕ бавзарын кодтон, уый. Хӕлддзӕгтӕ систы ныр, ничиуал дзы цӕры.
Ӕмӕ сыл уӕд Мӕ судзгӕ маст ныккалди, Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты пиллон артӕй ссыгъд, хӕлддзӕгтӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестадысты.
О, мӕнӕ куыд афасти, мӕнӕ куыд ныппырх ис, ӕнӕхъӕн зӕхх чи дӕрӕн кодта, уыцы дзӕбуг! Адӕмтӕ фыр тӕссӕй ризынц, Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ.
«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн».
Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй!
О, додой! Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд — Сионы Чызджы саудалынджы баппӕрста! Израилы кад арвӕй зӕхмӕ фехста! Тӕрхоны бон ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууагъта Йӕ къӕхты ’нцой!
Сионы хистӕртӕ ӕмырӕй зӕххыл бадынц, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой, сӕ уӕлӕ скодтой сӕхъис; Йерусалимы чызджытӕ ныддӕлгом сты зӕххыл.
О, додой! Куыд ныссау ис сыгъдӕг сыгъзӕрин! Кувӕндоны зынаргъ дуртӕ алы тигътыл ныххӕлиу сты!
Нӕ кады худтӕ куы ’рхаудысты нӕ сӕртӕй! О, додойаг куы фестӕм мах нӕ тӕригъӕды аххосӕй!
Бӕстыхицӕуттӕ рахиздзысты сӕ бадӕнтӕй, раппардзысты сӕ пӕлӕзтӕ, раласдзысты сӕ нывӕфтыд дарӕстӕ. Ризӕг сыл бахӕцдзӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрбаддзысты зӕххыл ӕмӕ алы уысм дӕр стъӕлфдзысты, ӕвирхъау тас сыл бафтаудзӕни дӕ хъысмӕт.
«Адӕймаджы фырт! Тир Йерусалимы тыххӕй афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕгъа! Дзӕбӕх куы ныппырх ис, адӕмты кулдуар кӕй хонынц, уыцы сахар! Ныр мӕ амӕттаг бауыдзӕн. Уый ныггӕныстон, ӕз та схъӕздыг уыдзынӕн“, —
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Йерусалим у уый! Ӕз ӕй ӕрӕвӕрдтон адӕмты астӕу, йӕ алыварс та — иннӕ бӕстӕтӕ.
Уӕ сахартӕ уын хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уӕ кувӕндӕттӕ уын сафтид кӕндзынӕн, уӕ нывӕндтӕ уын нал айсдзынӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.
Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.
Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди, ацы сахар уый у? Йӕхинымӕр-иу дзырдта, мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ, фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад. Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.
Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ маст. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, ӕз идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“