Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иудӕ 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Стырзӕд Михаел Моисейы буары тыххӕй хӕйрӕгимӕ куы фӕбыцӕу ис, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, ӕфхӕрӕн ныхас ӕм не скодта, ӕрмӕстдӕр ын загъта: «Хуыцау дын Йӕхӕдӕг бауайдзӕф кӕнӕд!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иудӕ 1:9
16 Iomraidhean Croise  

Давид сӕ размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мӕм фарнимӕ ӕрбацыдыстут, баххуыс кӕнынмӕ, уӕд уын мӕнӕ мӕ Хуыцауы къух. Кӕд ӕмӕ мӕ, ӕназым дӕн, афтӕмӕй ме знӕгтӕн банымудзинаг стут, уӕд та нӕ фыдӕлты Хуыцау ӕркӕсӕд ӕмӕ уын тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд!»


Хуыцауы ма фау, дӕ фӕтӕджы фыдгой ма кӕн.


Ӕз раздӕр дӕр фӕзындаин, фӕлӕ Персы хъахъхъӕнӕг зӕд иу ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хӕцыди мӕ ныхмӕ. Персы паддзӕхты ныхмӕ хӕцгӕйӕ, иунӕгӕй куы аззадтӕн, уӕд мӕм ӕххуысмӕ фӕзынди Михаел, уӕлдӕр хъахъхъӕнӕг зӕдтӕй иу.


Уыцы рӕстӕджы фӕзындзӕни хъомысджын хицау Михаел ӕмӕ дӕ адӕмы сӕрыл растдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕнис, адӕмы сфӕлдыстӕй абоны онг чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕвзарӕн дуг. Уыцы заман дӕ адӕмӕй царды чиныджы фыст чи разына, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты.


Дунедарӕг сайтанӕн загъта: «Сайтан! Йерусалим Чи сӕвзӕрста, уыцы Дунедарӕг дын бар ма раттӕд! Уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг у, артӕй цы ’хсидав фелвӕстӕуы, уыйау!»


Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон сӕ сӕртӕ ӕнкъуыстой ӕмӕ Йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: «Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг!


Дӕлвӕзы йӕ бавӕрдтой, Моавы, Бет-Пеоры бакомкоммӕ, фӕлӕ кӕм, уый абон дӕр бӕлвырд ничи зоны.


Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон.


Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.


Афтӕмӕй сӕ, бирӕ тыхджындӕр ӕмӕ хъомысджындӕр чи у, уыцы зӕдтӕ та Бардарӕджы раз азымы нӕ дарынц ӕмӕ нӕ фауынц.


Ӕмӕ уӕларвы уыди хӕст — Михаел ӕмӕ йӕ зӕдтӕ хӕцыдысты залымимӕ, залым ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр хӕцыдысты сӕ ныхмӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan