Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иудӕ 1:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 иннӕты ратонут арты дзыхӕй, ӕмӕ фервӕзой, аннӕтӕм ут зӕрдӕхӕлар, фӕлӕ уӕхи хизут, сӕ тӕригъӕдджын митӕй цы дарӕс фелгъаг, суанг уымӕй дӕр куыд нӕ фӕчъизи уат, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иудӕ 1:23
21 Iomraidhean Croise  

Хъахбай сылгоймаг цы уынджы царди, уым хъеллау кодта, йӕ хӕдзары ’рдӕм ын фӕцӕйцыд.


Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм, чъизи дарӕсау — не ’ппӕт рӕстдзинад. Бахус стӕм сыфтӕрау, нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.


Куырмытау ныр куы хъеллау кӕнынц уынгты, сӕхи фӕчъизи кодтой тугӕй! Сӕ дарӕсыл сын ничи уӕнды андзӕвын.


Уыцы хӕдзары чи бахсӕвиуат кӕна, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд. Ахӕм хӕдзары чи бахӕра, уый дӕр-иу ныхсӕд йӕ дарӕс.


Йӕ мыг цыфӕнды хъуымацыл кӕнӕ сӕрак дзаумайыл куы аззайа, уӕд ӕй хъӕудзӕн доны ныхсын. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Содом ӕмӕ Гоморрӕйау уӕ ныззыгуым кодтон. Пиллон артӕй цы ӕхсидав фелвасынц, уый ӕнгӕс уыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыцы куысты фӕрцы кӕд мӕ бон бауид, мӕ туг, ме стӕг чи у, уыдоны муртаттӕгтӕм хӕлӕгыл бафтауын ӕмӕ дзы уӕд та иуӕй-иуты фервӕзын кӕнын.


Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».


йӕ хъуыддаг кӕмӕн басудза, уый та баййафдзӕни зиан. Ӕниу йӕхӕдӕг фервӕздзӕни, фӕлӕ — артӕй раирвӕзӕгау.


Мах зонӕм Бардарӕджы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Цы стӕм, уый Хуыцауӕн зындгонд у; афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ сымах дӕр мах тыххӕй алцыдӕр зонут.


Нӕ фыстӕджы цы амындтытӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда.


Лӕмбынӕг кӕс дӕхимӕ ӕмӕ ахуырадмӕ, афтӕ кӕн иудадзыг — уӕд дӕхи дӕр ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзынӕ.


Уымӕн ӕмӕ йын «ӕгасцуай» чи зӕгъа, уый йын йӕ хӕрам хъуыддӕгты свӕййы цӕдисӕмбал.


Иутӕм, дызӕрдыггӕнджытӕм, кӕсут зӕрдӕхӕларӕй,


Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.


Уӕвгӕ дын Сардисы ис, йӕ дарӕс чи нӕ фӕчъизи кодта, цалдӕр ахӕм адӕймаджы. Уыдон урс-урсид дарӕсы цӕудзысты Мемӕ, уымӕн ӕмӕ уый аккаг сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan