22 Иутӕм, дызӕрдыггӕнджытӕм, кӕсут зӕрдӕхӕларӕй,
Сымахӕн та, Мӕ дзуг, Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ дзуджы фысты ’хсӕн, фыстӕ ӕмӕ сӕгъты ’хсӕн, Ӕз быцӕу ӕвзардзынӕн Мӕхӕдӕг.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын уӕ уарзт ӕм хъуыддагӕй равдисын.
Куыд мӕ фӕнды ныртӕккӕ сымахмӕ фестын ӕмӕ уемӕ ӕндӕр хъӕлӕсы уагӕй ныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ уын цы бакӕнон, уый нал зонын.
Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, сабырӕй раст фӕндагмӕ раздахут. Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕхӕдӕг дӕр уыцы къӕппӕджы ма бахауат.
фидар хӕцут Хуыцауы уарзтыл, ӕнхъӕлмӕ кӕсут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхмӕ, мыггагмӕйы цардӕй куыд схайджын уат, афтӕ.
иннӕты ратонут арты дзыхӕй, ӕмӕ фервӕзой, аннӕтӕм ут зӕрдӕхӕлар, фӕлӕ уӕхи хизут, сӕ тӕригъӕдджын митӕй цы дарӕс фелгъаг, суанг уымӕй дӕр куыд нӕ фӕчъизи уат, афтӕ.