Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 9:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 О Хуыцау, Ды сбирӕ кӕндзынӕ ацы адӕмы, стыр цин сын бауадздзынӕ сӕ зӕрдӕты. Уыдон цин кӕндзысты Дӕ разы, цыма зӕххӕй бӕркадджын тыллӕг исынц кӕнӕ ӕфтиаг уарынц, уыйау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 9:3
38 Iomraidhean Croise  

Сӕ хъӕстӕ дӕр сын арвы стъалытау сбирӕ кодтай ӕмӕ, бацӕут ӕм ӕмӕ сымах бауыдзӕни, зӕгъгӕ, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, уыцы зӕхх сын радтай.


Адӕмты бӕрзонд дӕр сисы ӕмӕ сӕ сафгӕ дӕр фӕкӕны, ныххӕлиу сӕ кӕны ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕны.


Бирӕтӕн сӕ ныхас уый у: «Чи нын цы ракӕндзӕн хорзӕй?» Дунедарӕг, Дӕ цӕсгомы рухс нӕм равдис!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм галтӕрӕн ехсӕй февзиддзӕн ӕмӕ, кӕддӕр Сынты Къӕдзӕхы цур мидианӕгты куыд ныддӕрӕн кодта, афтӕ адоныл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн. Денджызмӕ февзиддзӕни Йӕ лӕдзӕгӕй, кӕддӕр Мысырмӕ куыд февзыста, афтӕ.


Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай.


Дунедарӕг басаста ӕнӕхуыцӕутты хъомыс, барджын хицӕутты паддзахлӕдзӕг ныссаста;


Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»


О Дунедарӕг! Ды сбирӕ кодтай Дӕ адӕмы, суӕрӕх сын кодтай сӕ арӕнтӕ, ӕмӕ уымӕй Дӕхи скадджын кодтай.


Дунедарӕг сӕрибар кӕмӕн радта, уыдон здӕхдзысты уыцы фӕндагыл Сионмӕ. Азӕлдзӕн дардыл сӕ цинхъӕр, мыггагмӕ сӕ цӕстытӕй ивылдзӕн цин. Алцӕмӕй уыдон уыдзысты райгонд, ферох кӕндзысты сӕ хъыг ӕмӕ маст.


Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!


«Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый! Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уый! Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот уыдзӕни моймӕдзыдӕй». Афтӕ загъта Дунедарӕг Сионы сахарӕн.


Рацӕудзыстут цинимӕ, арвитдзысты уӕ фарнимӕ. Фӕндагыл уын зардзысты хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, ӕмдзӕгъд уын кӕндзысты быдыры ӕппӕт бӕлӕстӕ.


Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.


Уӕ фыдгултӕй ӕгад ми ӕмӕ фидисӕй цас бавзӕрстат, уымӕй дыууӕ ахӕмы фылдӕрӕй райсдзыстут хӕрзтӕ. Цинӕй райдзыстут уӕ зӕххыл, мыггагмӕ цӕрдзыстут зӕрдӕрухсӕй.


Мӕ цагъартӕ цинӕй райдзысты, зардзысты сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн, сымах та хъыгзӕрдӕйӕ ӕрдиаг кӕндзыстут, дзыназдзыстут ныфссастӕй.


Цин кӕнут, цинӕй райут мыггагмӕ, ныр цы фӕлдисын, уыдӕттыл. Ӕз аразын цины сахар Йерусалим, йӕ цӕрджыты зӕрдӕ йын дзаг кӕнын рухс амондӕй.


Цинӕй райут Йерусалимимӕ, цин ыл кӕнут, чидӕриддӕр ӕй уарзы, уыдон! Йемӕ бацин кӕнут, йӕ зӕрдӕ йыл кӕмӕн рысти, уыдон!


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Хъӕлдзӕгӕй зарут Йаковыл, адӕмты сӕргъы чи лӕууы, уый хъӕрӕй сыстаут ӕмӕ дзурут: «О Дунедарӕг! Фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты!»


Сӕ нымӕц цас фылдӕр кӕны, уыйас Мӕ ныхмӕ фылдӕр тӕригъӕдтӕ кӕнынц. Ӕз сын сӕ кад баивдзынӕн ӕгадӕй.


Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, — цӕмӕй мысырӕгтӕн цагъартӕ мауал уат. Ӕз уын уе ’фсондз ныссастон, цӕмӕй сӕргуыбырӕй ма цӕуат.


Ӕз сӕм фӕсиддзынӕн ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ ахӕстаргъ бафыстон ӕмӕ раздӕрау сбирӕ уыдзысты.


Уыцы бон бирӕ адӕмтӕ Дунедарӕгмӕ се ’ргом раздахдзысты ӕмӕ суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн. Уӕд базондзынӕ, дӕумӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: уыцы заман алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмтӕй дӕс адӕймаджы иу иудейаджы фӕччийыл ныххӕцдзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Мах цӕуӕм уемӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».


Фӕлӕ йӕм йӕхицӕй тыхджындӕр куы бабырса, уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы хӕцӕнгӕрзтыл дардта, уыдон ын байсдзӕн ӕмӕ йын йӕ мулк байуардзӕн.


Ӕмӕ сахары цӕрджыты цинӕн кӕрон нал уыд.


Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут.


Сымах уӕхи цӕстӕй нӕ федтат Чырыстийы, фӕлӕ Йӕ уарзут, ӕмӕ Йӕ кӕд ныртӕккӕ нӕ уынут, уӕддӕр Ыл ӕууӕндут ӕмӕ уӕ цин у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм.


Байхъусут, паддзӕхтӕ! Байхъусут, хицӕуттӕ! Ӕз Дунедарӕгӕн зардзынӕн! Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, стаудзынӕн!


Ӕртӕсӕдӕ хӕстоны сыкъауадындзтӕй куы ныууасыдысты, уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ мидианӕгтӕ сӕ хъаматӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систой. Сӕ хӕстонтӕ фӕлыгъдысты суанг Бет-Шиттӕйы онг, Церерӕйы ’рдӕм, Таббатмӕ хӕстӕг сахар Авел-Мехолӕмӕ.


Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ алыгъдысты. Гедеон сӕ фӕсте асырдта ӕмӕ мидианӕгты дыууӕ паддзахы ӕрцахста. Се ’фсад та фыр тӕссӕй алырдӕмты фӕлыгъдысты.


Мысыраг бахӕццӕ кодта Давиды. Уый кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ амалекӕгтӕ быдыры куы апырх уаиккой. Хӕрынц ӕмӕ нуазынц, филистимаг ӕмӕ иудейаг зӕххытӕй бирӕ исбон кӕй байстой, уый фӕдыл бӕрӕгбон аразынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan