Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 9:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 скӕсӕнӕй — арамейӕгты, ныгуылӕнӕй — филистимӕгты. Уыцы кӕрӕфтӕ аныхъуырдзысты Израилы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 9:12
25 Iomraidhean Croise  

Уыцы заман Рецин фӕстӕмӕ Сирийы бархъомыс ӕрӕвӕрдта Елаты сахарыл. Уырдыгӕй фӕсырдта иудейӕгты ӕмӕ дзы фӕстӕмӕ ӕрцӕрыны фадат радта сириӕгтӕн. Ныронг дӕр уым цӕрынц.


Филистимӕгтӕ бабырстой Иудейы дӕлвӕзты бӕстӕ Шефеламӕ ӕмӕ йӕ хуссайраг хай Негевмӕ, бацахстой сахартӕ Бет-Шемеш, Айалон ӕмӕ Гедерот, Сохо, Тимна ӕмӕ Гимзо сӕ алыварс хъӕутимӕ, ӕмӕ дзы сӕхӕдӕг ӕрцардысты.


Нӕ сыхӕгтӕн нӕ хъазинаг скодтай, хынджылӕг нӕ кӕнынц.


Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут, йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут. Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн, Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.


Иумӕ абырсдзысты ныгуылӕнӕрдӕм, филистимӕгты бӕстӕм, бастигъдзысты скӕсӕны адӕмты. Едом ӕмӕ Моавы бӕстӕтыл ӕрӕвӕрдзысты сӕ бархъомыс. Аммонӕгтӕ сын дӕлбариуӕг кӕндзысты.


Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!


Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Менассиа — Ефремы, Ефрем — Менассиайы, сӕ дыууӕ та — Иудӕйы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.


Ӕгас бӕстӕйы кулдуӕртты раз сагойӕ дымгӕмӕ ныддардтон Мӕ адӕмы, бындар сын нал ныууагътон! Мӕ фӕндонӕй сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ уадзынц сӕ фӕндӕгтӕ.


Вавилоны паддзах Навуходоносор ацы бӕстӕйы ныхмӕ куы схӕцыд, уӕд мах сфӕнд кодтам халдейӕгты ӕмӕ арамейӕгты ӕфсӕдтӕй Йерусалиммӕ фӕлидзын ӕмӕ ныр цӕрӕм Йерусалимы».


Уӕдӕ уӕ уӕлӕ скӕнут сӕхъис, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы азарӕй нӕ фервӕздзыстут!


Ӕмӕ Дӕм мӕнӕ Ӕз Мӕ къух систон, дӕ зӕххы хай дын фӕкъаддӕр кодтон ӕмӕ дӕ радтон, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы филистимаг чызджыты къухтӕм, фӕлӕ суанг уыдон дӕр фефсӕрмы сты де ’нӕуаг митӕй.


Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Израилӕгтӕн сӕ хирвӕссондзинад сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы, фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, нӕ раздӕхтысты ӕмӕ Йӕ не ’рцагуырдтой.


Мысыры адӕмау уыл рын бафтыдтон; уӕ лӕппуты уын карды цӕфӕй мардтон, уӕ бӕхты уын-иу уацары атардтой, уӕ асадӕнты-иу уӕ хӕстонтӕн сӕ мӕрдты смагмӕ улӕфыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Содом ӕмӕ Гоморрӕйау уӕ ныззыгуым кодтон. Пиллон артӕй цы ӕхсидав фелвасынц, уый ӕнгӕс уыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕ сахарты уын адӕмы сыдӕй амардтон, ӕмӕ уӕ хъӕуты хойраджы мур нал баззади, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Цалдӕр сахары цӕрджытӕ-иу дон нуазынмӕ иу сахары ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ сын дон нӕ фаг кодта, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕ хуымтӕ уын-иу судзгӕ дымгӕйӕ кӕнӕ халасӕй фесӕфтон, уӕ дыргъдӕттӕ, уӕ сӕндӕттӕ, уӕ легъуитӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ уын-иу мӕтыхтӕн бахӕрын кодтон, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


стӕй, Дунедарӕгмӕ йӕ чъылдым чи раздӕхта, чи Йӕ нӕ агуры ӕмӕ Йӕ чи нӕ фӕрсы, уыдоны.


Никӕмӕ хъусы, йӕхи атигъ кӕны зондамындыл, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ нӕ дары ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ нӕ кувы.


Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan