10 «Агуыридуртӕ куы ӕркӕлой — лӕгъз дурӕй сӕ самайдзыстӕм, сикомортӕ сӕ рӕбынӕй куы акалой — кедртӕй сӕ баивдзыстӕм».
Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы арӕх уыди хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау.
Ассирийы паддзах сразы ис йӕ курдиатыл. Дамаскмӕ бабырста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты Киры сахармӕ акодта, Рецины та амардта.
Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.
Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм.
Уӕд азгъордта размӕ ӕмӕ Йӕ кӕд афтӕмӕй фенин, зӕгъгӕ, легъуи бӕласмӕ схызти, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн Йӕ фӕндаг ууылты уыди.