Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 8:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 ӕмӕ сыл уый тыххӕй Дунедарӕг рауадздзӕн Евфраты стыр ӕмӕ абухгӕ дӕттӕ — Ассирийы паддзахы йе ’ппӕт хъомысимӕ. Ӕмӕ уый йе ’ппӕт донвӕдтӕй анхъӕвздзӕни размӕ, йӕ былгӕрӕттӕ доны бын фӕуыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 8:7
38 Iomraidhean Croise  

Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.


Уымӕ гӕсгӕ дын Дунедарӕг Ассирийы паддзахы тыххӕй афтӕ зӕгъы: уый ацы сахармӕ нӕ бацӕудзӕн, иу фат дӕр ыл не суадздзӕн, нӕ йӕм ӕрбаввахс уыдзӕн уартимӕ, йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ сыджытбыру нӕ самайдзӕн.


стӕй хъомысджын ӕмӕ цытджын Ашшурбанипал уацары кӕй райста, Самарийы сахарты ӕмӕ доны фале иннӕ сахарты кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы адӕмтӕ, ӕмӕ афтӕ дарддӕр».


Уый нӕ разы басаста адӕмты, нӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста знӕмты.


Хынджылӕггӕнгӕ, саузӕрдӕйӕ ныхас кӕнынц, ӕртхъирӕн кӕнынц ӕнӕввӕрсонӕй.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ассирийы гуыппырсартӕн фесафдзӕни сӕ хъару, йӕ кад ын басудздзӕни артау.


Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!


Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕни Мысыры скӕнсӕнварс денджызы донбакӕлӕн, Йӕ къух сисдзӕн Евфраты донмӕ дӕр, ахӕм тыхджын дымгӕ йыл рауадздзӕн, ӕмӕ йӕ авд суадоны фестын кӕндзӕн, цӕхгӕрмӕ сыл тӕнӕг дзабырты хиздзысты.


Сымах уӕхицӕй дзурут, мӕлӕтимӕ ӕмдзӕхдон систӕм, мӕрдтыбӕстимӕ бафидыдтам, зӕгъгӕ. Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ бӕллӕх уӕ иувӕрсты ацӕудзӕн, мӕнгдзинад ӕмӕ фӕлывды дӕлбазыр кӕй балӕууыдыстут, уый фӕрцы.


Уым Мӕ раст тӕрхон ӕрӕвӕрдзынӕн барӕн синагау, Мӕ рӕстдзинад та — ауыгъд здыйау». Уе ’мбӕхсӕн — мӕнгдзинад, фӕлӕ йӕ ихуард ныххафдзӕн, доны бын фӕуыдзӕн.


Мӕнӕ сын Дунедарӕг сӕ ныхмӕ рарвитдзӕни тыхджын ӕфсад ӕмӕ сӕ уыдон бабын кӕндзысты тыгъдызӕй, ихуард ӕмӕ сӕфты тымыгъау, доны хъаймӕтау;


Доны сӕрты ахизын уӕ куы хъӕуа, уӕд уыдзынӕн уемӕ, цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизат, уӕд нӕ фӕдӕлдон уыдзыстут. Арты сӕрты хизгӕйӕ, уӕхи басудздзыстут ӕмӕ уӕ арт нӕ ацараудзӕн.


Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном, Йӕ кады хабӕрттӕ. Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы ’рбагуылф кӕной, уӕд сӕ Дунедарӕг ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.


Ӕцӕг, Дунедарӕг дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр ныххуырсдзӕн, ефремонтӕ иудейӕгтимӕ куы байуӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи нӕма уыд, ахӕм фыд заман. Ассирийы паддзахы амӕттаг фӕуыдзыстут.


Бардарӕг Евфраты фале баххуырсдзӕн Ассирийы паддзахы, ӕмӕ уын уый адасдзӕни уӕ сӕртӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ, суанг ма уын уӕ боцъотӕ дӕр алвындзӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатӕй, гуылфгӕнгӕ, ӕрбацӕуынц цӕугӕдӕттӕ. Уӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр фӕдӕлдон уыдзысты. Бӕхты къӕхты хъӕр, бӕхуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ сӕ цӕлхыты уынӕрӕй адӕм ныдздзыназдзысты. Ӕгас бӕстӕйы цӕрджытӕ ныккӕудзысты. Ныййарджытӕн сӕ цӕнгты хъару фесӕфдзӕн, ӕмӕ сӕ цотмӕ фӕстӕмӕ нал ракӕсдзысты.


Вавилоны сӕрмӕ денджыз хӕрдмӕ фӕцыди, гуыргуыргӕнгӕ йӕ бамбӕрзтой йӕ уылӕнтӕ.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕдзӕрӕг сахартау дӕ куы сафтид кӕнон, денджыз дыл куы ныххуырсон ӕмӕ дӕ йӕ бирӕ уылӕнтӕ сӕ быны куы фӕкӕной,


Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд цӕгаты паддзахы фырттӕ сӕхи хӕстмӕ сцӕттӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕм стыр ӕфсад ӕрӕмбырд уыдзӕн. Ӕфсымӕртӕй иу йе ’фсадимӕ стыр цӕугӕдонау размӕ бырсдзӕн ӕмӕ суанг хуссары паддзахы фидармӕ бахӕццӕ уыдзӕн.


Йе знӕгты ӕфсӕдтӕм доны хъаймӕтау багуылф кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ныххафдзӕн. Уыцы азар баййафдзӕни Фидыды фӕтӕджы дӕр.


Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


Куыннӕ хъуамӕ сӕнкъуыса зӕхх, йӕ цӕрджытӕ додой куыннӕ кӕной? Зӕхх Нилы донау гуылфӕнтӕ кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдонау кӕм хӕрдмӕ фӕцӕудзӕн, кӕм дӕлӕмӕ.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕххыл куы андзӕва, уӕд зӕхх сӕнкъуысдзӕн, ӕмӕ йыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон ныддодой кӕндзысты. Зӕхх хӕрдмӕ фӕцӕудзӕнис Нилау, Мысыры цӕугӕдонау фӕстӕмӕ ӕрцӕудзӕнис дӕлӕмӕ.


уымӕн ӕмӕ нӕй сдзӕбӕхгӕнӕн йӕ хъӕдгомӕн. Стыр бӕллӕх ӕрбахӕстӕг Иудеймӕ, суанг мӕ адӕмы кулдуары раз, Йерусалимы цур ӕрбалӕууыд.


Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.


Уый ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад. Кӕд ассириӕгтӕ нӕ зӕхмӕ ’рбабырсой ӕмӕ нын нӕ сахартӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ ныхмӕ авд фыййауы ӕмӕ аст ӕлдары ӕрлӕууын кӕндзыстӕм.


Фӕлӕ ацы сахар фесафдзӕн, доны бын ӕй фӕкӕндзӕн, Йе знӕгты саудалынгмӕ ныппардзӕн!


Уый у, арф дзыхъхъ чи скъахта ӕмӕ йӕ хӕдзар дурын бындурыл чи сӕвӕрдта, ахӕм хӕдзаргӕнӕджы хуызӕн. Дон раивылди ӕмӕ уыцы хӕдзарыл ахӕцыд, фӕлӕ йӕ фенкъуысын кӕнын нӕ бафӕрӕзта, уымӕн ӕмӕ йӕ бындур фидар уыд.


Зӕд мын загъта: «Ды федтай, хъахбай кӕуыл бады, уыцы дӕттӕ — уыдон сты адӕмтӕ ӕмӕ дзыллӕтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan