4 Уый „баба“ ӕмӕ „гыцци“ дзурын нӕма базондзӕн, афтӕ Дамаскы бынтӕ ӕмӕ Самарийы хӕзнатӕ Ассирийы паддзахы хай бауыдзысты».
Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.
Ассирийы паддзах сразы ис йӕ курдиатыл. Дамаскмӕ бабырста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты Киры сахармӕ акодта, Рецины та амардта.
Ассирийы паддзах Салманесер ӕд ӕфсад Израилмӕ куы ӕрбабырста, уӕд Осиа йӕ дӕлбар ныллӕууыд, йӕ хъалондар сси.
Рагуац Дамаскы тыххӕй. Дамаскӕн йе сӕфт ӕрцӕуы — хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн.
Ефремы зӕххыл фидаргонд сахар нал баззайдзӕн, Дамаскы та — паддзӕхтӕ. Арамы цӕрджытӕй ма чи аирвӕза, уыдонӕн израилӕгтау фесӕфдзӕни сӕ кад, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Йӕ аив фӕлысты баруайгӕ дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн йӕ хъысмӕт уыдзӕни, афонӕй раздӕр цы легъуи сцӕттӕ вӕййы, уый йе ’ртонӕг куыд аныхъуыры, уый хуызӕн.
Дунедарӕг мын ноджы загъта:
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дамаскы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, Галаады хох ӕфсӕн найгӕнӕнтӕй кӕй ныссӕста, уый тыххӕй.
Дамаскы кулдуӕрттӕн се ’вдузӕнтӕ ныссӕтдзынӕн. Авены дӕлвӕзы паддзахы бадӕны чи рабадт, уый дӕр, стӕй Бет-Едены паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Арамейӕгты Кирмӕ уацары акӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕд ӕз Ниневийӕн — рахиз къух галиуӕй чи нӕ иртасы, ахӕм адӕм ӕхсӕзыссӕдз минӕй фылдӕр, стӕй бирӕ фос кӕм ис, уыцы стыр сахарӕн — куыннӕ батӕригъӕд кӕнон?»
Гуыргӕ дӕр нӕма ракодтой, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй Хуыцау Ревеккӕйӕн загъта, цӕмӕй равдиса, цы снысан кодта,
Уӕ цот, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, фыдгулы амӕттаг фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уӕ фырттӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбарынхъом чи нӕма у, уыдон та бацӕудзысты уыцы бӕстӕм. Ӕз сын ӕй ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ сӕхи бакӕндзысты.