Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 8:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Афтӕ уын куы зӕгъой, уе ’ргом раздахут мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм — мынӕг хъӕлӕсӕй чи дзуры ӕмӕ дыгъал-дыгъул чи кӕны, уыдонмӕ, уӕд-иу сын дзуапп раттут, хъуамӕ адӕм сӕ Хуыцаумӕ кувой, стӕй удӕгӕсты тыххӕй дӕр мӕрдты нӕ фӕфӕрсынц, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 8:19
28 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ тыппырнӕмыг ӕфсирты аныхъуырдтой. Мӕ фынтӕ дӕсныфӕрсджытӕн радзырдтон, фӕлӕ мын сӕ уыдонӕй ничи райхӕлдта».


Дунедарӕджы зӕд тишбийаг Илийайӕн загъта, цӕмӕй самариаг паддзахы минӕвӕрттӕн сӕ размӕ ацӕуа ӕмӕ сын зӕгъа: «Израилы зӕххыл Хуыцау нӕй, ӕви? Цӕмӕн цӕут Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ?


Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта.


Иосиа ныццӕгъдын кодта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты, ныппырх кӕнын кодта, Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы хӕдзарон хуыцаугондӕй, гуымирыйӕ, стӕй ӕлгъагӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта, сауджын Хилкиа Дунедарӕджы Кувӕндоны цы Ӕгъдауы чиныг ссардта, уым цы фыст уыди, уый.


Афтӕ фӕмард ис Саул, Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй. Йӕ дзырдмӕ Йын нӕ байхъуыста, суанг ма бафарста мӕрдтӕмсидӕджы дӕр,


Хинномы фырты дӕлвӕзы арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фыртты, дӕсны фарста, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты уынаффӕтӕм хъуыста. Дунедарӕджы раз бирӕ фыдракӕндтӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ бирӕ галиу митӕй мӕсты кодта Дунедарӕджы.


Фӕлӕ сӕ тыхсты Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыдбылызӕй фервӕзын кодта.


Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.


Дӕ фыдгултӕн сӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, сӕ хӕрвӕгтӕ нӕ рацӕудзысты ингӕнтӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ Ды быныскъуыд фӕкодтай, сӕ кой дӕр куыд никуыуал уа, афтӕ.


Афӕлдӕхдзынӕ зӕххыл, рыджы бынӕй дӕ хъӕлӕс рӕстмӕ хъуысгӕ дӕр нал кӕндзӕн, мӕрдтӕмсидӕг дӕлдзӕхӕй кӕй рахоны, раст уыцы ӕндӕрджы дыгъал-дыгъулау уыдзӕни.


Мӕ пехуымпары ӕвастӕй ацӕуынц Мысырмӕ, фараон нӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, йӕ базыры бын нӕ бакӕндзӕн, зӕгъгӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, йе Сфӕлдисӕг: «Мӕ адӕм цы бауыдзысты, уый тыххӕй Мӕ цы фӕрсут ӕмӕ Мын цы амонут, Мӕхи сфӕлдыстӕн цы кӕнон, уый?


Гъемӕ уӕдӕ кӕлӕнтӕ кӕн ӕмӕ дӕсны фӕрс, де ’взонгӕй нырмӕ уыцы куыстыл ахуыр дӕ. Чи зоны ӕмӕ дын исты ахъаз фӕуой, ӕмӕ дӕ исчи фӕтӕрса.


Дӕ уынаффӕгӕнджытӕй пайда нӕй, ӕмӕ ныр та, арв чи сгары, уыдон — стъалыдӕснытӕ — ӕрбалӕууӕнт дӕ уӕлхъус ӕмӕ дӕ хизӕнт фыдбылызӕй, ӕрцӕуинаг дыл цы у, уый мӕйногмӕ гӕсгӕ дзургӕйӕ.


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Ма хъусут пехуымпартӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм, фынтӕ ’взарджытӕм, кӕлӕнгӕнджытӕм ӕмӕ стъалыдӕснытӕм. Уыдон уын дзурынц, вавилойнаг паддзахӕн лӕггад нӕ кӕндзыстут, зӕгъгӕ.


Мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм ма цӕут, цӕмӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнат. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Мӕрдтӕмсидджытӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм чи цӕуа, семӕ чи хӕта, уыдоны Мӕ азар баййафдзӕн.


дӕ къухтӕй дын стондзынӕн дӕ хинтӕ, ӕмӕ де ’хсӕн кӕлӕнгӕнджытӕ нал баззайдзӕн.


Иу хатт кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд ныл сӕмбӕлди, дӕсныфӕрсыныл ардауӕг ӕнӕзӕгъинаг кӕй ӕрцахста, ахӕм лӕггадгӕнӕг чызг. Дӕсныфӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн хаста стыр ӕфтиаг.


Ма уӕд уе ’хсӕн: йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты нывондӕн чи ӕрхӕсса, ахӕмтӕ; дӕсныфӕрсджытӕ, хингӕнджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ;


куырысдзаутӕ, мӕрдтӕмсидджытӕ, мӕрдты удтӕй сӕ фӕрстытӕн дзуапп домджытӕ.


Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл — сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ,


Израилаг адӕмы ’хсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон семӕ ӕрхӕсдзысты мӕлӕтмӕ кӕнӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕрибар сын Чи ӕрхаста, уыцы Бардарӕгыл ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕты амӕттаг сӕхи бакӕндзысты.


Уӕд ӕй сылгоймаг бафарста: «Кӕй дын ракӕнон мӕрдтӕй?» Саул ын дзуапп радта: «Самуелы мын ракӕн».


Самуел ын афтӕ: «Мӕн ма цы фӕрсыс, кӕд дӕ Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ де знаг сси, уӕд?


Уӕд йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Ссарут мын мӕрдтӕмсидӕг сылгоймаг. Фӕцӕуон ӕм ӕмӕ йӕ бафӕрсон». Дзуапп ын радтой: «Мӕнӕ Ен-Доры ис мӕрдтӕмсидӕг сылгоймаг».


Саул, мачи мӕ базона, зӕгъгӕ, йӕ хуыз аивта, йӕ уӕлӕ скодта ӕндӕр дарӕс. Дыууӕ лӕджы йемӕ ракодта ӕмӕ уыцы сылгоймагмӕ ӕхсӕвы бацыдысты. Саул ын загъта: «Кӕмӕй дын зӕгъон, уый мын мӕрдтӕй ракӕн ӕмӕ мын ӕй бафӕрс».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan