Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 8:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 8:18
27 Iomraidhean Croise  

Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы федта, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Йаков дзуапп радта: «Хуыцау дӕ цагъарӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ».


Уымӕн ӕмӕ Давид загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, Йӕ адӕмӕн радта ӕнцой ӕмӕ Йерусалимы ӕрцарди мыггагмӕ.


йӕ заманы рӕстуд фӕрнӕйдзагӕй цӕрӕд! Цалынмӕ мӕй рухс кӕны, уӕдмӕ зӕхх амондӕй йедзаг уӕд.


Дӕ ном Дын чи зоны, уыдонӕн сӕ ныфс Ды Дӕ, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ Ды нӕ ныууадздзынӕ, Дӕу чи агуры, уыдоны.


Кады зарӕг кӕнут Дунедарӕгӕн, Сионы Паддзахӕн, адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы ацы адӕмы минӕвӕрттӕн? Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы, Сион сфидар кодта Дунедарӕг, ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».


Дунедарӕг загъта: «Мӕ цагъар Исайа ӕртӕ азы бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй кӕй цӕуы, уый Мысыр ӕмӕ Эфиопийӕн у ӕвдисӕйнаг:


Мӕй ныссырх уыдзӕн ӕмӕ хур къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл, Йерусалимы, ӕмӕ Йӕ кад адӕмы хистӕртӕн раргом кӕндзӕн.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Ӕвзӕр ӕмӕ хорз кӕрӕдзийӕ иртасын нӕма райдайдзӕн, афтӕ, цы дыууӕ паддзахӕй тӕрсыс, уыдоны бӕстӕтӕ федзӕрӕг уыдзысты.


Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ фырт Шеар-Йашувимӕ Ахазы размӕ ацу, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уымӕн йӕ ратӕдзӕнмӕ.


Уый фӕстӕ ӕз ӕмуат ӕрцыдтӕн сылгоймаг-пехуымпаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ мын ныййардта фырт. Дунедарӕг мын загъта: «Сӕвӕр ыл ном Магер-Шалал-Хаш-Баз.


Мӕнӕ уын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы зӕххыл уӕ кӕй бафхӕрдзынӕн, уый нысан. Зонут: Мӕ ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты уӕ фыдбылызӕн.


Сӕ разы-иу дӕ уаргъ сӕккой кӕн ӕмӕ-иу ӕй талынджы рахӕсс. Дӕ цӕсгом-иу бамбӕрз, зӕхх куыннӕ уынай, афтӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон нысанӕн».


Ӕз Ме ’ргом уыцы адӕймаджы ныхмӕ сараздзынӕн ӕмӕ йын йӕ кой ӕмбисондӕн куыд хӕссой, ахӕм ми йын бакӕндзынӕн. Мӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Уый фӕстӕ райс алгъац ӕмӕ йӕ ӕфсӕн сисау дӕхицӕй дӕ сахары астӕу ӕрӕвӕр, стӕй де ’ргом хӕстӕввонгӕй сахарырдӕм сараз ӕмӕ йыл ӕрхъула кӕн. Уый Израилы адӕмӕн уыдзӕни нысан.


Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Ме ’ргом раздахдзынӕн Сионмӕ, ӕрцӕрдзынӕн Йерусалимы, схондзысты йӕ рӕстдзинады сахар, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы хох та — уаз хох.


Фыййӕутты ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр дисы бафтыдтой.


Симеон сӕ Хуыцауыл бафӕдзӕхста ӕмӕ Йесойы мад Мариайӕн загъта: «Ацы Сывӕллоны тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты ӕмӕ бирӕтӕ сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕни быцӕутӕ,


Уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыцы ӕлгъыстытӕ ӕвдисӕйнаг ӕмӕ рагфӕдзӕхст уыдзысты тъымы-тъымамӕ.


Куы-иу уӕ ӕппӕт адӕмы раз сӕгад кодтой ӕмӕ ӕфхӕрдтой, куы та уыдыстут, ахӕм уавӕры ма чи уыди, уыдоны фарсмӕ.


Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ — уӕларвон Йерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты цины ӕмбырдмӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan