16 Ацы ӕвдисӕндар дзӕбӕх батух, ацы зондамындыл мыхуыр сӕвӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгты раз».
Сауджын паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодта, паддзахы худ ыл ӕркодта ӕмӕ йын радта паддзахиуӕджы ӕвдисӕндар. Уый фӕстӕ йӕ байсӕрста ӕмӕ йӕ расидти паддзахӕй. Иууылдӕр ын нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ цинхъӕр самадтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»
Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.
Дӕ байзӕддӕгты дын се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн Дунедарӕг, ӕгӕрон уыдзӕн сӕ фарн.
Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.
Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».
Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.
Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.
Хӕдзары та Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ногӕй бафарстой уый тыххӕй.
Ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй сын ницы дзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та алцыдӕр хибарӕй ӕмбарын кодта.
Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.
Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ Моисей израилӕгтӕн цы фӕтк, цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ фехъусын кодта, уыдон.
Моисей ӕнувыд уыди Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл, фӕлӕ — лӕггадгӕнӕгау: цӕмӕй ӕвдисӕн уа, фидӕны цы загъд уыдзӕн, уымӕн.
Авд ӕрвнӕрды дзуапп куы радтой, уӕд ӕз хъуамӕ бавнӕлдтаин фыссынмӕ. Фӕлӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Авд ӕрвнӕрды цы загътой, уый басусӕг кӕн, ма йӕ ныффысс».
Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.
Уӕд паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухы ӕз федтон, дыууӕрдыгӕй дӕр фыст кӕуыл уыд, ахӕм тухгӕ чиныг; ӕхгӕд уыдис авд мыхуырӕй.
Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».