Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 8:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕмӕ бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, ӕрхаудзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 8:15
12 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы ныхас сын сси дзӕгъӕл дзӕнгӕда, иугӕндзон дыгъал-дыгъул, ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндагыл цӕудзысты ӕмӕ уӕлгоммӕ ахаудзысты; уӕнгсаст фӕуыдзысты ӕмӕ къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.


Куырмытау быруйы ӕнцӕйтты цӕуӕм. Рухс бонрӕфты фӕцӕйкӕлӕм, талынджы цӕуӕгау. Нӕ цардӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны мардау стӕм.


Уыдон уый бӕрц ӕхсыр дӕтдзысты, ӕмӕ ӕппӕт бинонтӕ дӕр царвӕй ӕфсӕст уыдзысты. Ацы зӕххыл ма чи баззайа, уыдон иууылдӕр царв ӕмӕ мыд хӕрдзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз ацы адӕмы размӕ ӕвӕрын цӕлхдуртӕ; фӕкӕлдзысты сыл, фесӕфдзысты фыдӕй, фыртӕй, сыхӕгтӕ сӕ хӕлӕрттимӕ бабын уыдзысты».


Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл гуырысхо чи нӕ кӕны, уый».


Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».


Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъист уыдзӕн йӕ быны».


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йӕ бирӕтӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ныууагътой ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты.


Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дардта уырнындзинадыл нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтыл. Израилы адӕм фӕкалдысты, фӕкӕлӕн цы дурыл ис, ууыл,


мах та хъусын кӕнӕм дзуарылтыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейӕгтӕн цӕлхдур у, муртаттӕгтӕ та йӕ ӕдылыйыл нымайынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan