12 «Ацы адӕм сусӕгвӕнд цы хонынц, уый сымах сусӕгвӕнд ма хонут. Уыдон цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй ма тӕрсут ӕмӕ уыл тас ма бахӕцӕд.
Кад кӕнут ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ Уый алы фыдгулы къухӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн».
Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.
«Хивӕнд цот, додой сӕ къона! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕндтӕ, уынаффӕтӕ кӕнынц Ме ’вастӕй, цӕдисонтӕ скӕнынц сӕхицӕн, фӕлӕ Мӕ Уды амындӕй нӕ. Афтӕмӕй тӕригъӕд тӕригъӕдыл ӕфтауынц.
Хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты кой куы фехъусат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут — раздӕр уал хъуамӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕн».
Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».
Йешуа Гилгалӕй фӕцӕуӕг йе ’фсадимӕ, йӕ тохӕхсыст хӕстонтимӕ.