Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 8:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Сымах алы фӕндтӕ нывӕндут, фӕлӕ уын фехӕлдзысты, уӕ иу ныхас дӕр нӕ сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 8:10
40 Iomraidhean Croise  

Уыцы заман Авимелех йе ’фсады хицау Пихолимӕ бацыд Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’ппӕт хъуыддӕгты дыл Хуыцау ауды.


Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Ахитофел дӕр Авессаломимӕ ис, сусӕгвӕндгӕнджыты къорды». Давид загъта: «О Дунедарӕг! Ахитофелы уынаффӕ фехал».


Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.


Уыцы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд Авессаломӕн ӕмӕ Израилы хистӕртӕн.


Сӕ иу ын дзуапп радта: «Нӕ, мӕ паддзах! Уый йын Израилы пехуымпар Елисей рахабар кӕны, ды дӕ хуыссӕнуаты цы фӕзӕгъыс, уыдӕттӕ дӕр».


Махӕн нӕ раздзог Хуыцау у. Йӕ сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты — уӕ фыдбылызӕн тохы хъӕр хъуысы! Израилӕгтӕ, ма хӕцут Дунедарӕгимӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ! Ницы уын дзы рауайдзӕн!


Мӕнгӕрдты фӕндтӕ ӕрбайхалы, сӕ къухтӕ сын фӕцыбыр кӕны.


Ма адард у мӕнӕй, — мӕ хъизӕмары бон ӕрӕввахс, ӕххуысгӕнӕг та нӕй.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом.


Кады зарӕг зарут Хуыцауӕн, зарут! Кады зарӕг сисут нӕ Паддзахӕн, сисут!


Хуыцау у ӕгас зӕххы Паддзах, аив зарӕг Ын зарут!


Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг рахаста тӕрхон — чи йӕ аивдзӕн? Уый систа Йӕ къух — чи Йын ӕй бауромдзӕн?


Уӕд, мӕлӕтимӕ цы цӕдис скодтат, уый хӕлд ӕрцӕудзӕн, мӕрдтыбӕстимӕ цы бадзырд сарӕзтат, уый нӕ фӕлӕудзӕн. Сау бӕллӕх уыл йӕхи ныццӕвдзӕни фурды уылӕнтау ӕмӕ уӕ бабын кӕндзӕн.


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Мацӕмӕй тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн скӕсӕнӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕй дӕр.


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Доны хъаймӕтау агуылф кӕндзӕн Иудейыл ӕмӕ йӕ доны бын фӕкӕндзӕн, адӕмӕн суанг сӕ къубалмӕ схӕццӕ уыдзӕн. Дӕ зӕххыл дын кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн, Эммануил!»


Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.


Ма тӕрсут Вавилоны паддзахӕй, тасы уӕ чи ’фтауы, уымӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уӕ йӕ къухӕй фервӕзын кӕндзынӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, Ӕз демӕ дӕн. Ӕз дӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, фӕлӕ ныр се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн. Ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ ныццӕгъддзынӕн. Раст тӕрхон дын рахӕсдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».


Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?


Ацы ныхӕстӕ ӕппӕт адӕмтӕн фехъусын кӕнут. Уӕхи сцӕттӕ кӕнут хӕстмӕ! Уӕ сахъгуырдтӕ тохы быдырмӕ рацӕуӕнт!


Аггей, Дунедарӕджы фидиуӕг, адӕмӕн фехъусын кодта Дунедарӕджы уац: «Ӕз уемӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг».


Ӕрмӕст Дунедарӕджы ныхмӕ ма змӕнтут! Уымы адӕмӕй та ма тӕрсут — басӕтдзыстӕм сӕ. Уыдонӕн армдарӕг нал ис, махӕн та Дунедарӕг немӕ ис. Ма сӕ тӕрсут!»


«Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ ныййардзӕн Фырт, схондзысты Йӕ Эммануил», ома «Хуыцау немӕ ис».


Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Кӕд тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй цӕрут, уӕд амӕлдзыстут; фӕлӕ кӕд Уды хъаруйӕ буары тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл тых кӕнат, уӕд цӕрдзыстут.


Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?


Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!


Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн.


Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan