Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг мын загъта, райс иу стыр къӕй ӕмӕ йыл, адӕймаг ӕй ӕнцонӕй куыд бакӕса, афтӕ ныффысс: «„Магер-Шалал-Хаш-Баз“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 8:1
11 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ цу, фӕйнӕджы гӕбаз райс ӕмӕ йыл, цыдӕриддӕр дын загътон, уыдӕттӕ ныффыс. Уадз ӕмӕ уыцы фыст баззайа мыггагмӕ.


Ацы ӕвдисӕндар дзӕбӕх батух, ацы зондамындыл мыхуыр сӕвӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгты раз».


Уый фӕстӕ ӕз ӕмуат ӕрцыдтӕн сылгоймаг-пехуымпаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ мын ныййардта фырт. Дунедарӕг мын загъта: «Сӕвӕр ыл ном Магер-Шалал-Хаш-Баз.


«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цыдӕриддӕр дын фехъусын кодтон, уыдон тухгӕ чиныджы ныффыс.


«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.


«Райс ӕндӕр тухгӕ чиныг ӕмӕ, паддзах Иоаким цы чиныг басыгъта, уымӕн йӕ ныхӕстӕ ногӕй ныффысс.


Йеремиа ӕндӕр тухгӕ чиныг райста ӕмӕ йӕ Нериайы фырт Барухмӕ радта. Ӕмӕ та Барух Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иудейаг паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди, уыдон ногӕй ныффыста ӕмӕ ма йӕм бафтыдта бирӕ ахӕм ныхӕстӕ.


Ам уӕлзонд хъӕуы. Зонд кӕмӕ ис, уый раиртасӕд сырды нымӕц, уымӕн ӕмӕ уый ӕвдисы адӕймаджы ном. Уыцы нымӕц у ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз.


Сбарста йын йӕ къул дӕр, ӕмӕ рауад сӕдӕ цыппор цыппар ӕлмӕрины — адӕймаджы нымадӕй баргӕйӕ; зӕдмӕ дӕр ахӕм барӕн уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan