Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 7:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дамаск Арамы сӕйраг сахар у, Дамаскы сӕр та — Рецин. Фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы рацӕуа, уӕд ефремонтӕ адӕмты хыгъды дӕр нал уыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 7:8
12 Iomraidhean Croise  

Уым йӕ адӕмимӕ знагыл ӕхсӕвыгон ӕртыхст ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Дамаскы цӕгатварс Ховайы онг.


Давид йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.


Зоровавел ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ сын загътой: «Мах дӕр уемӕ Кувӕндон араздзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Ассирийы паддзах Есар-Хаддон ам куы ’рцӕрын кодта, уӕдӕй абонмӕ мах дӕр сымахау нӕхи уӕ Хуыцауыл фӕдзӕхсӕм ӕмӕ Йын нывӕндтӕ хӕссӕм».


Уый „баба“ ӕмӕ „гыцци“ дзурын нӕма базондзӕн, афтӕ Дамаскы бынтӕ ӕмӕ Самарийы хӕзнатӕ Ассирийы паддзахы хай бауыдзысты».


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг Рецины ӕфсад сӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн, хӕцӕнгарзӕй сифтонг кӕндзӕн фыдгулты:


Хъуамӕ адӕм иууылдӕр — Ефремы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Самарийы цӕрджытӕ — уыцы хъуыддаг базоной, уымӕн ӕмӕ схъӕл ныхас кӕнынц стырзӕрдӕйӕ:


Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.


Дӕ базайрӕгтӕн, дӕ исбонӕн ныккӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ демӕ сӕудӕджер кодта Дамаск. Уӕй дын кодта хелбойнаг сӕн ӕмӕ цахайраг къуымбил.


Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan