Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 7:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ фырт Шеар-Йашувимӕ Ахазы размӕ ацу, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уымӕн йӕ ратӕдзӕнмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 7:3
14 Iomraidhean Croise  

Йотамы фырт Ахаз Иудейы паддзах сси Ремалийы фырт Фекахы паддзахиуӕджы ӕвддӕсӕм аз.


Уӕддӕр Ассирийы паддзах Лахишӕй Езекиамӕ стыр ӕфсадимӕ арвыста йӕ барджынты: йе ’фсады хицауы, йӕ галуаны уагдары ӕмӕ йӕ хистӕр дзагдары. Уыдон Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл уӕллаг цадӕй донвӕд кӕм рацӕуы, уыцы ран.


Езекиайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ, цад ӕмӕ донвӕд куыд скодта ӕмӕ сахармӕ дон куыд бауагъта, уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Дарддӕр — Давиды зӕппӕдзтӕй хикъахт цад ӕмӕ ӕфсӕддонты агъуысты онг — къул самадта Азбукы фырт Неемиа, Бет-Цуры ӕрдӕгзылды хицау.


Райсом сӕумӕйӕ доны былмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм бацу, йӕ разы Нилы былгӕрон ӕрлӕуу ӕмӕ, калм дын-иу цы лӕдзӕг фестад, уый дӕ къухы дар,


Чи ма дзы фервӕза, уыдон раздӕхдзысты, Йаковы байзӕддӕгтӕ раздӕхдзысты хъомысджын Хуыцаумӕ.


Йерусалимы хӕдзӕрттӕй-иу, фехалӕн дзы кӕй уыд, ахӕмтӕ равзӕрстат ӕмӕ-иу сӕ фехӕлдтат, цӕмӕй сын сӕ хӕлддзӕгтӕй сахары быру бампъузат.


Быруйы къулрӕбын ног донуат скъахтат ӕмӕ йӕм зӕронд цадӕй дон рауагътат. Фӕлӕ сымах, ӕппӕт адӕтты тыххӕй рагацау уынаффӕ Чи рахаста, Уымӕ нӕ кастыстут, ӕмӕ уыдӕттӕ раджы заманы Чи сфӕнд кодта, Уымӕ уе ’ргом нӕ раздӕхтат.


Ассирийы паддзах Лахишӕй Йерусалиммӕ паддзах Езекиамӕ бирӕ ӕфсадимӕ арвыста йӕ хистӕр дзагдары. Уый ӕрлӕууыди, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уый дзыхмӕ.


Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.


Адӕмӕн ма йыл сӕ дӕсӕймаг хай куы баззайа, уӕд дӕр та ногӕй гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕни. Фӕлӕ теревинф ӕмӕ тулдз бӕласӕй, куы сӕ акалынц, уӕд бындзӕфхад куыд баззайы, афтӕ уыдонӕй дӕр баззайдзӕни уаз мыггаг».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудейаг паддзахы галуанмӕ ацу ӕмӕ йын фехъусын кӕн:


Исайа та Израилы тыххӕй зӕгъы: «Израилы фыртты нымӕц денджызы змисау куы уа, уӕд дӕр сӕ ӕрмӕст чысыл къорд фервӕздзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan