23 Фӕлӕ мингай сӕнӕфсиры талатӕ цы бынӕтты рӕзыд — алы тала дӕр — ӕвзисты къӕртты аргъ — уым уыцы заман ӕрзайдзӕни какон сындзытӕ ӕмӕ бӕхгӕрдӕг.
Хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ сындзытӕ дын ӕрзайын кӕндзӕн зӕхх. Сӕтдзынӕ де стонг быдыры кӕрдӕгӕй.
Иу афӕдз ӕмӕ къорд боны фӕстӕ фыр тӕссӕй нырриздзыстут, ӕнӕмӕттӕ! Уымӕн ӕмӕ нӕдӕр сӕнӕфсиртонӕнтӕ ралӕудзысты, нӕдӕр — тыллӕгӕфснайӕнтӕ.
Галты цӕд иу бонмӕ кӕй бахуым кӕнид, ахӕм сӕндон иу батӕй фылдӕр сӕн нӕ ратдзӕни, хоры хомер — ефӕйӕ фылдӕр тыллӕг».
Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».
Зӕхх какон сындз ӕмӕ бӕхгӕрдӕджы бын фӕуыдзӕн, ӕмӕ дзы адӕм цуан кӕндзысты фат ӕмӕ ӕрдынимӕ.
Адӕмарӕх сахартӕ ныггӕныстон уыдзысты, зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Ӕз ын сафтид кӕндзынӕн йӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ йӕ легъуи бӕлӕстӕ, йӕ хӕзгулты лӕвӕрттӕ кӕй хуыдта, уыдон. Хъӕды пыхсбынтӕ сӕ фестын кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ хъӕддаг сырдтӕ аныхъуырдзысты.
Фыдбылызӕй куы аирвӕзат, уӕд уӕ Мысыр суазӕг кӕндзӕн, Мемфис та уӕ ингӕны хай бакӕндзӕн. Уе ’взист дзауматӕ пысырайы бын фӕуыдзысты, уӕ цӕрӕнтӕ какон сындзӕй нал зындзысты.
Байхъусут ӕндӕр фӕсномыг ныхасмӕ дӕр. Бирӕ зӕххытӕ кӕмӕ уыди, иу ахӕм лӕг сӕндон скодта, йӕ алыварс ын ӕмбонд сарӕзта, сӕндуцӕн дзы скъахта, мӕсыг дзы самадта, стӕй йӕ бакодта ӕххуырст кусджыты бар ӕмӕ йӕхӕдӕг балцы ацыди.
«сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг» йеддӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы. Ӕлгъыстаг фӕвӕййы, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг арты хай бакӕнынц.