22 Уыдон уый бӕрц ӕхсыр дӕтдзысты, ӕмӕ ӕппӕт бинонтӕ дӕр царвӕй ӕфсӕст уыдзысты. Ацы зӕххыл ма чи баззайа, уыдон иууылдӕр царв ӕмӕ мыд хӕрдзысты.
Уӕд Авраам райста къӕдор, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕмӕ сӕ йӕ уазджыты раз ӕрӕвӕрдта. Цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ сын Аврам бӕласы бын уырдыг лӕууыди.
мыд, нӕлхӕ, цыхт. Афтӕ дзырдтой: «Адӕм ӕдзӕрӕг быдыры стонг, дойны ӕмӕ фӕллад уыдзысты».
Уӕд Мӕ адӕмы мӕгуырдӕртӕ хӕринагӕй бафсӕддзысты, гӕвзыччытӕ ӕдас ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрдзысты. Сымах та Хуыцау сыдӕй амардзӕн, чи ма уӕ баззайа, уыдоны та ныццӕгъддзӕн.
Ароеры алыварс сахартӕ федзӕрӕг уыдзысты. Ӕрмӕст ма дзы фосы дзугтӕ ривӕд кӕндзысты ӕмӕ сын тас никӕмӕй уыдзӕн.
Уый хӕрдзӕни нӕлхӕ ӕмӕ мыд, цалынмӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз кӕрӕдзийӕ иртасын райдайа, уӕдмӕ.
Ӕмӕ бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, ӕрхаудзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты.
Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон; хъӕддаг бындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хӕринаг.