Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 7:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уыцы заман алкӕмӕ дӕр уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу хъуг ӕмӕ дыууӕ фысы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 7:21
8 Iomraidhean Croise  

Уӕд Мӕ адӕмы мӕгуырдӕртӕ хӕринагӕй бафсӕддзысты, гӕвзыччытӕ ӕдас ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрдзысты. Сымах та Хуыцау сыдӕй амардзӕн, чи ма уӕ баззайа, уыдоны та ныццӕгъддзӕн.


Ароеры алыварс сахартӕ федзӕрӕг уыдзысты. Ӕрмӕст ма дзы фосы дзугтӕ ривӕд кӕндзысты ӕмӕ сын тас никӕмӕй уыдзӕн.


Бырухгӕд сахар баззайдзӕни дзӕгъӕлӕй, адӕм ныууадздзысты сӕ хӕдзӕрттӕ, сафтид уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырау. Ривӕд дзы кӕндзысты родтӕ, зӕххыл хуысдзысты, къалиутӕ ’хсындзысты.


Райӕд фыр цинӕй ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ хус зӕхх, ӕрнӕг тыгъдад цинхъӕр кӕнӕд ӕмӕ дидинфӕз фестӕд!


Дӕуӕн та, Езекиа, мӕнӕ нысан: ацы аз хӕрут, хӕдӕвзӕрдӕй цы хор ӕрзади, уый, иннӕ аз дӕр хӕрдзыстут, йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый, ӕртыккаг аз та-иу байтаут ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ, скӕнут сӕндӕттӕ ӕмӕ хӕрут сӕнӕфсир.


Уӕд уӕрыччытӕ хибарӕй хиздзысты сахары кӕлддзӕгты ’хсӕн, хӕтӕнхуаг фыййӕуттӕ та ӕрбаддзысты, бонджынты бынтӕй ма цы баззайа, ууыл.


Раздӕр-иу къӕпийӕ кӕмӕ базалдысты, уыцы къуылдымтӕм нал ссӕудзынӕ ды, каконтӕ ӕмӕ сындзытӕй тӕрсгӕйӕ. Уыцы рӕтты хиздзысты галтӕ, лыстӕг фос сӕ ссӕнддзысты сӕ къӕхтӕй».


Ӕрмӕстдӕр мӕгуырты, сӕ бон ӕппындӕр кӕмӕн ницы уыди, уыдоны Иудейы бӕстӕйы ныууагъта, сӕндӕттӕ ӕмӕ зӕххы хӕйттӕ сын радта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan