Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 7:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уӕд Дунедарӕг фехситт кӕндзӕн бындзытӕм — Нилы донгуырӕнты цӕрджытӕм ӕмӕ Ассирийы мыдыбындзытӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 7:18
15 Iomraidhean Croise  

Уый тыххӕй Пинхас рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыди фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ, ӕнусмӕ.


Арфӕгонд дӕ Ды, Дунедарӕг! Бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.


Нӕ сӕ рауагътай, зӕгъгӕ, уӕд уӕм дзынгайы азар кӕсы — дӕхимӕ дӕр, дӕ дӕлдӕртӕм дӕр, дӕ адӕммӕ дӕр ӕмӕ дӕ галуанмӕ дӕр. Ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ суанг уӕ къӕхты бын зӕхх дӕр бӕз-бӕз кӕндзысты дзынгатӕй.


Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта. Фараоны галуан, йӕ дӕлдӕрты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт зӕхх бӕз-бӕз кодтой дзынгатӕй. Сӕфтмӕ сӕ ӕрцыди бӕстӕ.


Дард бӕстӕй, арвы кӕронӕй, ӕрбацӕуынц Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ азар, цӕмӕй ӕгас зӕхх бабын кӕной.


Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!


Дард чи цӕры, уыцы адӕмтӕм сидгӕйӕ, сисдзӕни тохы тырыса, зӕххы кӕрӕтты цӕрджытӕм фехситт кӕндзӕни ӕмӕ уыдон фӕстиат нӕ фӕкӕндзысты.


Ӕцӕг, Дунедарӕг дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр ныххуырсдзӕн, ефремонтӕ иудейӕгтимӕ куы байуӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи нӕма уыд, ахӕм фыд заман. Ассирийы паддзахы амӕттаг фӕуыдзыстут.


Ӕз сӕм фӕсиддзынӕн ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ ахӕстаргъ бафыстон ӕмӕ раздӕрау сбирӕ уыдзысты.


Уыцы хӕхты цӕрӕг аморӕгтӕ уӕ размӕ ралӕууыдысты. Мыдыбындзытау уӕ сӕ уӕлныхты айстой Сеиры ӕмӕ уӕ суанг Хормайы онг фӕсырдтой.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,


Суанг ма сӕ дыдынты ахӕсты дӕр бакӕндзӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕмӕ, чи аирвӕзти ӕмӕ сымахӕй чи бамбӕхст, уыдон дӕр цагъды фӕуыдзысты.


Уӕ разӕй уын дыдынты ӕвзӕн арвыстон, ӕмӕ уӕ цирхъытӕ ӕмӕ фӕттӕ нӕ, фӕлӕ уыдон аиуварс кодтой уӕ фӕндагӕй дыууӕ амораг паддзахы ӕд ӕфсад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan