16 Ӕвзӕр ӕмӕ хорз кӕрӕдзийӕ иртасын нӕма райдайдзӕн, афтӕ, цы дыууӕ паддзахӕй тӕрсыс, уыдоны бӕстӕтӕ федзӕрӕг уыдзысты.
Ассирийы паддзах сразы ис йӕ курдиатыл. Дамаскмӕ бабырста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты Киры сахармӕ акодта, Рецины та амардта.
Уый уыдзӕни уаз — Израилы дыууӕ паддзахады кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы дур ӕмӕ уыцы къӕдзӕх, Йерусалимы цӕрджытӕн — къӕппӕг ӕмӕ ахсӕн хыз.
Уый „баба“ ӕмӕ „гыцци“ дзурын нӕма базондзӕн, афтӕ Дамаскы бынтӕ ӕмӕ Самарийы хӕзнатӕ Ассирийы паддзахы хай бауыдзысты».
Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг Рецины ӕфсад сӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн, хӕцӕнгарзӕй сифтонг кӕндзӕн фыдгулты:
Ме ’ргом уӕ аздахдзынӕн, уе ’фсымӕрты, Ефремы байзӕддӕгты, Мӕхицӕй куыд аппӕрстон, афтӕ.
Ӕз зонын Ефремы, Израилы дӕр уынын: схъахбай дӕ, Ефрем; йӕхи фӕчъизи кодта Израил.
Мӕ азары бон Ефрем ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Уый Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн хъусын кӕнын Ӕз.
Уӕд ӕз Ниневийӕн — рахиз къух галиуӕй чи нӕ иртасы, ахӕм адӕм ӕхсӕзыссӕдз минӕй фылдӕр, стӕй бирӕ фос кӕм ис, уыцы стыр сахарӕн — куыннӕ батӕригъӕд кӕнон?»
Уӕ цот, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, фыдгулы амӕттаг фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уӕ фырттӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбарынхъом чи нӕма у, уыдон та бацӕудзысты уыцы бӕстӕм. Ӕз сын ӕй ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ сӕхи бакӕндзысты.