Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 7:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уый хӕрдзӕни нӕлхӕ ӕмӕ мыд, цалынмӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз кӕрӕдзийӕ иртасын райдайа, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 7:15
11 Iomraidhean Croise  

Уӕд Авраам райста къӕдор, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕмӕ сӕ йӕ уазджыты раз ӕрӕвӕрдта. Цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ сын Аврам бӕласы бын уырдыг лӕууыди.


Фыддзинад дын хорз ракӕнынӕй — ӕхцондӕр, мӕнгдзинад та — раст ныхӕстӕ дзурынӕй.


Уыдон уый бӕрц ӕхсыр дӕтдзысты, ӕмӕ ӕппӕт бинонтӕ дӕр царвӕй ӕфсӕст уыдзысты. Ацы зӕххыл ма чи баззайа, уыдон иууылдӕр царв ӕмӕ мыд хӕрдзысты.


Ӕвзӕрдзинад уын суӕд ӕнӕуынон, рӕстдзинад бауарзут ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут тӕрхондоны. Чи зоны, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йосефы фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ныббара.


Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон; хъӕддаг бындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хӕринаг.


Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт.


Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта, бонӕй-бонмӕ ӕфтыди Йӕ зондыл, Хуыцауы фарнӕй хайджын уыди.


Йесо куыд рӕзыд, афтӕ ӕнтыстджындӕр уыди уӕлзондӕй, ӕмӕ Йӕм фылдӕр кодта Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзондзинад.


Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, хорздзинад саразынмӕ тырнут.


Уӕ цот, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, фыдгулы амӕттаг фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уӕ фырттӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбарынхъом чи нӕма у, уыдон та бацӕудзысты уыцы бӕстӕм. Ӕз сын ӕй ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ сӕхи бакӕндзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan