10 Дунедарӕг ма Ахазӕн ноджы загъта:
Йотамы фырт Ахаз Иудейы паддзах сси Ремалийы фырт Фекахы паддзахиуӕджы ӕвддӕсӕм аз.
Дзӕгъӕлы Мын хӕссут хуынтӕ, Мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис уӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй. Уӕ мӕйног ӕмӕ уӕ сабат — уӕнгӕл сты фыдгӕнджыты бӕрӕгбӕттӕ.
Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.
Ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ ма Йаковы хӕдзарвӕндагӕй, Израилы байзӕддӕгтӕй чи фервӕза, уыдон сӕ зӕрдӕ нал дардзысты, чи сӕ цагъта, уыцы ассириӕгтыл, фӕлӕ сӕ каст уыдзӕни Дунедарӕгмӕ, Израилы Уаз Хуыцаумӕ, иузӕрдион Ыл уыдзысты.
«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».
Ефремонты сӕйраг сахар — Самари, Самарийы сӕргъы — Ремалийы фырт. Сӕ уырнындзинад фидар куы нӕ уа, уӕд сӕ быныхъӕр айхъуысдзӕн“».
Дунедарӕг мын ноджы загъта:
Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.