Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иотамы фырт Ахаз, Озиайы фырты фырт, Иудейы паддзах куы уыди, уыцы заман Арамы паддзах Рецин ӕмӕ Ремалийы фырт Феках, Израилы паддзах, Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты, фӕлӕ йӕ сӕ бон бацахсын не сси.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 7:1
15 Iomraidhean Croise  

Йӕ фӕсдзӕуин, Ремалийы фырт Феках, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ Самарийы сахары, паддзахы галуаны, амардта. Йемӕ уыдысты Аргов ӕмӕ Арйе, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз галаададжы. Феках амардта Пекахиайы ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси.


Иудейы паддзах Азариайы паддзахиуӕджы фӕндзай дыккӕгӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Ремалийы фырт Феках. Йӕ паддзахиуӕг ахаста ссӕдз азы.


Йӕ заманы Дунедарӕг Иудейы ныхмӕ самидин кодта Сирийы паддзах Рецины ӕмӕ Ремалийы фырт Фекахы.


Йотамы фырт Ахаз Иудейы паддзах сси Ремалийы фырт Фекахы паддзахиуӕджы ӕвддӕсӕм аз.


Ахазы паддзахиуӕджы заман Сирийы паддзах Рецин ӕмӕ Израилы паддзах Феках, Ремалийы фырт, ӕрхъула кодтой Йерусалимыл, фӕлӕ сахар басӕттын сӕ бон нӕ баци.


Дунедарӕг Хуыцау иудейаг паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты Иудей ӕмӕ Йерусалимы сомбоны фӕдыл Амоцы фырт Исайайӕн рагагъоммӕ кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕнтӕ.


«Ацы адӕм Силоамы сабыр доныл нал ӕввӕрсынц, фӕлӕ цин кӕнынц Рециныл ӕмӕ Ремалийы фыртыл,


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг Рецины ӕфсад сӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн, хӕцӕнгарзӕй сифтонг кӕндзӕн фыдгулты:


Дӕ базайрӕгтӕн ныккӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ демӕ сӕудӕджер кодтой арамейӕгтӕ дӕр. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой ӕрвхуыз зынаргъ дуртӕ, сӕнт сырх хъуымӕцтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, кораллтӕ ӕмӕ лалтӕ.


Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.


Иудейаг паддзӕхтӕ Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заман Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта морешетаг Михайӕн; цӕстылуайӕны йын раргом чындӕуыд, Самари ӕмӕ Йерусалиммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan