Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 66:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 66:5
32 Iomraidhean Croise  

«Кӕсыс, Ахав Мӕ разы куыд ӕртасыди, уымӕ! Афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын Ӕз йӕ мыггаг, цалынмӕ йӕхӕдӕг ӕгас у, уӕдмӕ фыдбылызы амӕттаг нӕ бакӕндзынӕн; йӕ фырт паддзах куы суа, уӕд бафтаудзынӕн фыдбылызтӕ йӕ хӕдзарыл».


Шафан паддзахмӕ равдыста, Хилкиа йӕм цы чиныг радта, уый ӕмӕ йын ӕй бакасти.


Ӕмӕ ды, ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн цы бакӕнынмӕ хъавын, уый куы фехъуыстай, уӕд Дунедарӕджы раз кӕй ӕрфӕсмон кодтай, дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм кӕй арӕдывтай ӕмӕ Мӕ разы дӕ цӕссыг кӕй калдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —


афтӕмӕй, лигъдӕтты ӕнаккаг миты тыххӕй Израилы Хуыцауы азарӕй ӕдас чи нӕ уыди, уыдон иууылдӕр мӕ алыварс ӕрбамбырд сты. Изӕры нывонд хӕссыны афонмӕ мӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтон.


Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхи сафы, фӕлӕ фӕдзӕхстӕн аргъ чи кӕны, уый йӕ хӕрзиуӕг райсдзӕн.


— Зӕгъ-ма мын, мӕ уарзон, кӕм хизыс дӕ фосы дзуг, кӕм улӕфыс ӕмбисбон йемӕ? Дӕу агурӕг кӕдмӕ зилдзынӕн де ’мбӕлтты рӕгъӕуттыл?


О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.


Уыдон зӕгъынц: «Хуыцау тагъддӕр рахӕссӕд Йӕ тӕрхон, цӕмӕй Йын ӕй фенӕм, сӕххӕст кӕнӕд Йӕ фӕнд, ӕмӕ Йын ӕй базонӕм!»


Нырӕй фӕстӕмӕ нал уыдзынӕ, дзӕгъӕлӕй чи баззад ӕмӕ фыдгулы цӕстӕй кӕмӕ кастысты, йӕ иувӕрсты кӕмӕн цыдысты, ахӕм сахар. Ӕз дӕ скадджын кӕндзынӕн мыггагмӕ, цин дыл кӕндзысты фидӕны фӕлтӕртӕ.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъартӕн уыдзӕни хӕринаг, сымах та сыдӕй мӕлдзыстут. Мӕ цагъартӕн уыдзӕни нуазинаг, сымах та мӕлдзыстут дойныйӕ.


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Уӕздӕттӕ ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд кӕрӕдзимӕ бакастысты ӕмӕ Барухӕн загътой: «Мах хъуамӕ ацы ныхӕстӕ иууылдӕр паддзахӕн фехъусын кӕнӕм».


Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.


Мӕ номы тыххӕй алкӕмӕн дӕр ӕнӕуынон суыдзыстут, фӕлӕ, кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.


Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты, ӕппӕт адӕм та цин кодтой Йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл.


Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.


Уыдон ын загътой: «Сӕрӕй къӕхтӕм тӕригъӕдджынӕй куы райгуырдтӕ, уӕд ды мах ахуыр кӕныс?» Ӕмӕ йӕ ратардтой.


Цӕмӕй сымах скадджын кӕнат нӕ Бардарӕг Йесойы ном ӕмӕ, нӕ Хуыцау ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй, уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат Йӕ кадӕй.


Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы кад кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ.


афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.


Ӕфсымӕртӕ, дуне уӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan