1 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?
Ӕниу Хуыцау зӕххыл куыд хъуамӕ ӕрцӕра? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ дӕр Дын ӕгӕр къуындӕг куы сты, куы нӕ Дыл ӕххӕссынц, уӕд Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд бацӕудзынӕ?
Паддзах Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, ме ’фсымӕртӕ, мӕ адӕм! Мӕ зӕрды уыди, Дунедарӕджы Фидыды Чырын, нӕ Хуыцауы къахӕрӕвӕрӕн, кӕм ӕрӕнцой кӕна, ахӕм хӕдзар саразын, ӕрцӕттӕ йын кодтон аразӕн ӕрмӕг дӕр.
Цы Кувӕндон аразын, уый стыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау дӕр стыр у — ӕппӕт хуыцӕуттӕй стырдӕр.
Фӕлӕ Хуыцау адӕмимӕ куыд хъуамӕ цӕра зӕххыл? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ Дыл куы не ’ххӕссынц, уӕд Ды, ӕз Дын цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд хъуамӕ бацӕуай?
Дунедарӕг фесафдзӕн алы козбау ӕвзаджы хицауы, хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн.
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Ливанӕй дын ӕрбаласдзысты диссаджы хорз хъӕдӕрмӕг: кипарис, тӕгӕр ӕмӕ кедр, цӕмӕй Мын рӕсугъд сфӕлындой Мӕ Кувӕндон — Мӕ къахӕвӕрӕн.
Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.
Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Зӕгъын уын, ам ис, Кувӕндонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
Йесо сын загъта: «Уынут ацы бӕстыхӕйттӕ? Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн».
Дуне, стӕй дунейы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый у арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг — къухӕйконд кувӕндӕтты нӕ цӕры.