3 Ӕнӕнхъӕлӕджы тасӕфтауӕг хъуыддӕгтӕ куы арӕзтай ӕмӕ-иу уӕларвӕй куы ’рхызтӕ, уӕд-иу ӕмризӕджы ныррызтызты хӕхтӕ.
Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.
Ӕрхӕссӕнт Ын арфӕйы нывӕндтӕ, цинӕй райгӕйӕ Йын ӕппӕлӕнт Йӕ хъуыддӕгтӕй!
цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.
Дзыллӕтӕ цин кӕнӕнт ӕмӕ райӕнт: Ды адӕмтӕн кӕныс ӕнӕхӕрам тӕрхон, раст фӕндаг амоныс дзыллӕтӕн.
Уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ сӕраппонд фӕфидиссаг дӕн, мӕ цӕсгомыл худинаджы гакк сбадт.
Ӕрымысдзынӕн Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, Дӕ кӕддӕры диссӕгтӕ ӕрлӕудзысты мӕ зӕрдыл.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Уемӕ аразын фидыд. Ӕппӕт адӕмы раз Ӕз равдисдзынӕн, зӕххы цъарыл иунӕг адӕммӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм диссӕгтӕ. Уадз ӕмӕ, цы адӕмы ’хсӕн цӕрыс, уыдон иууылдӕр тасимӕ кӕсой, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕны, уымӕ.
Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.
Тӕхуды ӕмӕ куы байгом кӕнис уӕлӕрвтӕ, куы ’рхизис дӕлӕмӕ, цӕмӕй хӕхтӕ ӕмризӕджы нырризой!
Теманӕй ӕрбацӕуы Хуыцау, Уаз Хуыцау фӕзынд Параны хохӕй. Йе стырад ӕрӕмбӕрзта уӕлӕрвтӕ, байдзаг ис Йӕ кадӕй зӕхх.
сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.
Уый дӕ кад у, дӕ Хуыцау, дӕ цӕстыты раз дӕу тыххӕй уыцы стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг диссӕгтӕ Чи сарӕзта, Уый.
Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.