Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 64:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Фӕзын нӕм, зынг пыхсыл куыд сирвӕзы кӕнӕ дон куыд рафыцын кӕны, уыйау! Уадз ӕмӕ Дын Дӕ фыдгултӕ базоной Дӕ ном, Дӕ койӕ ӕмризӕджы нырризой адӕмтӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 64:2
31 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!


Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.


Йӕ алыварс мӕрмӕ йын базылдтӕ, ӕмӕ уый ауагъта йӕ уидӕгтӕ, йӕ талатӕ ӕгас бӕстӕйы суагъта.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Тӕхудиаг у, Дӕуыл йӕхи чи фӕдзӕхсы, уыцы адӕймаг.


Раст, Дунедарӕг, уадз адӕймаг йӕхи бӕрзонд ма сӕвӕра, адӕмты ӕрлӕууын кӕн Дӕ тӕрхоны раз.


Стауӕн псалом. Ӕгас зӕхх, Дунедарӕджы сыстау!


Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.


Дунедарӕг уыл Йӕ бӕллӕх ӕруадздзӕн, кӕддӕр Перацимы хохыл кӕнӕ Гивоны уӕлвӕзыл Йӕ адӕмы знӕгтӕн куыд бакодта, афтӕ, цӕмӕй ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ сараза.


Ды нӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕн Ассирийы паддзахӕй. Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».


фӕндагыл ӕй Йӕ хъомысджын базыры бын Чи бакодта, йӕ разӕй йын денджызы дӕттӕ фӕйнӕрдӕм Чи фӕцӕуын кодта ӕмӕ уымӕй Йӕхицӕн мыггагмӕ ном Чи скодта, Уый?


Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Уӕдӕ дын ныр Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, Израил! Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дӕ Хуыцауы фенынмӕ!


Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.


Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.


Тӕккӕ абонӕй фӕстӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдоныл Ӕз тас ӕфтаудзынӕн, ӕмӕ уын ӕрмӕст уӕ койӕ дӕр ӕмризӕджы риздзысты“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan