4 О, сымах ногӕй рацараздзыстут, незамантӕй нырмӕ хӕлддзӕгты бын чи баззад, уыцы сахартӕ.
Кӕд цагъартӕ стӕм, уӕддӕр нӕ рохуаты нӕ ныууагъта нӕ Хуыцау. Схайджын нӕ кодта Персы паддзӕхты хорзӕхӕй, ӕмӕ нын уыдон фадат радтой не уӕнгтӕ айтынг кӕнынӕн, сӕ арм ныл дардтой Иудей ӕмӕ Йерусалимы, цӕмӕй мах нӕ Хуыцауы хӕлд хӕдзар ногӕй саразӕм.
Хуыцау у ӕгас зӕххы Паддзах, аив зарӕг Ын зарут!
«Афон куы ралӕууа, уӕд Ӕз раст тӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Хуыцау, —
Уӕлахизы хъӕр, цины хъӕр кӕнут иумӕ, Йерусалимы хӕлддзӕгтӕ! Дунедарӕг батӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, ссӕрибар кодта Йерусалим.
Уӕд ногӕй сараздзыстут, раджы пырхон чи ӕрцыд, уыцы бӕстыхӕйттӕ, рагон бындуртыл сараздзыстут ног агъуыстытӕ, ӕмӕ уӕ ӕппӕлдзысты, адон, сахары быруйы гӕмттӕ чи бампъызта ӕмӕ адӕмы сӕраппонд хӕлӕттаг бынӕттӕ ногӕй чи рацарӕзта, уыдон сты, зӕгъгӕ».
Дӕ систӕ амайыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ уыдзӕн, дӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕндзынӕ.
Ноджы сын фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ сахартӕ ногӕй бӕркадджын суыдзысты, Дунедарӕг басабыр кӕндзӕн Сион, ногӕй сӕвзардзӕн Йерусалим».