Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 61:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 61:3
39 Iomraidhean Croise  

Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты иудейӕгтӕ сӕ фыдгултӕй фервӕзтысты, уыцы бонты сӕ хъыг цинмӕ раивта, сӕ маст — бӕрӕгбонмӕ. Уӕдӕ сын суӕнт уыдон циндзинад ӕмӕ куывды бонтӕ, кӕрӕдзимӕ хуынтӕ куыд хӕссой, мӕгуыртӕн лӕвӕрттӕ куыд кӕной!


«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ауды Йӕ адӕмыл, скадджын кӕны сӕрныллӕгты, фервӕзын сӕ кӕны.


Ахӕм адӕймаг райсдзӕни Дунедарӕджы, йӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, арфӕ ӕмӕ хорзӕх.


Фыр удхарӕй баруадтӕн, мӕ азтӕ дзыназгӕйӕ ӕрвитын, мӕ тӕригъӕдтӕй басасти мӕ хъару, бахус сты ме стджытӕ.


Ме знӕгтӕ мӕ хынджылӕг кӕнынц, суанг мыл мӕ сыхӕгтӕ дӕр худынц. Ме ’рдхӕрдтыл мӕ уындӕй тас бахӕцы, куы мӕ ауынынц, уӕд лидзӕг фӕвӕййынц.


Скатай сты адӕмтӕ, базмӕлыдысты паддзахӕдтӕ: Хуыцауы хъӕлӕс райхъуысти, ӕмӕ зӕхх атади.


Райдзаст дарӕсты цу, дӕ сӕрмӕ-иу сойӕ базил.


Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай.


Байгом кӕнут кулдуар, уадз ӕмӕ мидӕмӕ бацӕуой рӕстаг адӕм, Хуыцауы иузӕрдион адӕм.


Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.


уӕ сӕрибары дуг уын ӕрбаввахс кодтон, дард нал у. Рӕхджы рахӕцдзынӕн Сионы хохы сӕраппонд, Израил суыдзӕни Мӕ фӕлындӕн.


Раст-ма, раст, Сион, ӕмӕ равдис дӕ кӕддӕры хъомыс! Ӕрбакӕн дӕ уӕлӕ дӕ кады фӕлыстытӕ, уаз сахар Йерусалим! Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуарӕй мидӕмӕ нал бахиздзӕн иунӕг ӕнӕсунӕтгонд ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, уый дӕр.


Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.


Чызджытӕ, лӕппутӕ ӕмӕ зӕронд лӕгтӕ, цингӕнгӕйӕ, иумӕ кафдзысты. Сӕ маст сын баивдзынӕн цинӕй, басабыр сӕ кӕндзынӕн, хъыджы бӕсты сын хъӕлдзӕгдзинад ратдзынӕн.


Сӕ зӕххы бӕркад сын сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ сыдӕй нал мӕлдзысты сӕ бӕстӕйы, адӕмтӕ сын нал кӕндзысты фидис.


Сурмӕ куы рахызтӕн, уӕд цӕугӕдоны былгӕрӕтты, дыууӕрдыгӕй дӕр, ӕз федтон бирӕ бӕлӕстӕ.


Ӕз бардзырд дӕттын: йӕ сӕрыл ын сыгъдӕг худ ӕркӕнут». Ӕмӕ йын йӕ сӕрыл сыгъдӕг худ ӕркодтой, дарӕсы йӕ сфӕлыстой. Уыцы рӕстӕг Дунедарӕджы зӕд лӕууыди уым.


Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ Уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой рӕдывд ӕрцӕудзӕнис ӕд уидӕгтӕ.


Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.


Фыд йӕ цагъартӕм фӕсидти: „Рӕвдздӕр! Рахӕссут ӕппӕты хуыздӕр дарӕс ӕмӕ йыл ӕй скӕнут, къухдарӕн ын бакӕнут йӕ къухыл, йӕ къӕхтыл ын дзабыртӕ скӕнут.


Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат ӕмӕ бирӕ пайда куы ӕрхӕссат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды кад.


Ӕцӕг цы у, Ӕз уын уый зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах хъыг кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ хъыг раивдзӕни цинӕй.


Мах Хуыцауимӕ стӕм ӕмкусджытӕ, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы бӕстыхай.


Стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут. Уӕдӕ кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй.


Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.


куы ’рцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл.


Ды бауарзтай рӕстдзинад, фыддзинад Дын ӕнӕуынон у. Уымӕ гӕсгӕ Дӕу Хуыцау, Дӕ Хуыцау, Демӕ чи ис, уыдонӕй уӕлдай, цин дӕттӕг сойӕ байсӕрста».


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Кӕд уыл Чырыстийы номы тыххӕй цъыф калынц, уӕд тӕхудиаг стут, уымӕн ӕмӕ намысджын Уд — Хуыцауы Уд — уӕ зӕрдӕты ис. [Уыдон Ӕй фауынц, сымах та Йӕ кадджын кӕнут.]


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan