8 Уый фӕстӕ ӕз фехъуыстон Дунедарӕджы хъӕлӕс: «Кӕй арвитон? Чи Нын суыдзӕни минӕвар?» Ӕмӕ ӕз дзуапп радтон: «Мӕнӕ дӕн, мӕн арвит!»
Хуыцау загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы, Нӕхи хуызӕн, Нӕхи ӕнгӕс куыд уа, афтӕ. Уадз ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕна денджызы кӕсӕгтӕн, уӕларвон мӕргътӕн; ӕппӕт зӕххыл — йӕ алы фос, йӕ алы хилӕгойӕн».
Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой».
Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы. Басидт ӕм: «Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».
афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй фӕсидти: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».
Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Ныр адӕймаг сси Мах хуызӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый зоны. Ӕмӕ ныр царды бӕласмӕ дӕр куы фӕныхила, йӕ дыргъӕй йын куы бахӕра ӕмӕ ӕнусмӕ куы цӕра».
Саул фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ мӕ куы ауыдта, уӕд мӕм фӕдзырдта. Ӕз ын загътон: „Хъусын дӕм“.
Дунедарӕг сӕ бафарста: „Ахавы уӕ чи самидин кӕндзӕн галаадаг Рамотмӕ бабырсын, цӕмӕй уым йӕ мӕлӕт ссара?“ Ӕмӕ сӕ иумӕ иу уынаффӕ уыд, иннӕмӕ та — ӕндӕр.
«Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ куывта, уыдонмӕ. Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой. „Мӕнӕ дӕн, мӕнӕ!“ — дзырдтон, Мӕхи чи нӕ уыд, уыцы адӕммӕ.
Куы-иу рацӕйцыдысты, уӕд-иу сын ӕз сӕ базырты уынӕр хъуыстон денджызы уынӕрау, Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсау, хӕстон асадӕны тохы хъӕрау. Куы-иу ӕрлӕууыдысты, уӕд-иу сӕ базыртӕ ӕруагътой.
Херувимтӕн сӕ базырты уынӕр хъуысти суанг ӕддаг кӕртмӕ, уыцы уынӕр уыдис Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсы ӕнгӕс, Уый дзургӕ куы фӕкӕны, уӕд.
Дунедарӕг мын нӕргӕ хъӕлӕсӕй фехъусын кодта: «Ацы сахар бафхӕрын кӕмӕн бабар чындӕуыд, уыдон ӕрбацӕуӕнт, алкӕй къухы дӕр дзы хъуамӕ уа мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгарз!»
Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.
Бардарӕг мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕгтӕм, арвитдзынӕн“».
Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппӕ, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци.
Савл ӕрхауди зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?»
Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,
Дунедарӕг фӕсидти Самуелмӕ, ӕмӕ уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!»