7 Уыцы зынгӕй мын бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Ацы зынг дӕ былтыл андзӕвыд, ӕмӕ фервӕзтӕ дӕ азымӕй, барст дын ӕрцыди дӕ тӕригъӕд».
Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»
Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.
Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.
Уӕззау цӕфтӕ йыл ӕруади нӕ фыдракӕндты тыххӕй, сау хъизӕмар бавзӕрста нӕ азымы тыххӕй. Нӕ фарны сӕраппонд баййӕфта ӕфхӕрд, фӕлӕ мах Йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм.
Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
Дунедарӕг радардта Йӕ къух, бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ дын бавӕрдтон дӕ комы.
Уӕд чидӕр адӕймаджы хуызы мӕ разы февзӕрди ӕмӕ мын андзӕвыд мӕ былтыл. Мӕ бон дзурын сси, ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ хицау, уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ тынг удхар кӕнын, мӕ хъару бынтондӕр басасти.
Ӕмӕ уӕд Ӕз адӕмты ӕвзӕгтӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн, цӕмӕй иууылдӕр Дунедарӕджы ном арой ӕмӕ Йын ӕмзӕрдӕйӕ лӕггад кӕной.
Зӕд, йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта: «Раласут ын йӕ чъизи дарӕс». Йӕхицӕн та йын загъта: «Дӕ азым дын систон, ныр дыл бӕрӕгбоны дарӕс скӕндзынӕн.
Моисей Ааронӕн загъта: «Дӕ будсудзӕн райс, нывӕр дзы нывондхӕссӕны зынджытӕй, стӕй буд ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕ дзыллӕйы ’хсӕнмӕ, ссыгъдӕг сын кӕн сӕ тӕригъӕд. Дунедарӕджы маст рафыхти: рын сыстад!»
Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.